Хуссар Иры хъӕууон хӕдзарады министр хыгъдлӕвӕрд радта хицауады сӕрдарӕн

© Sputnik / Наталья АйриянПухаты Лев
Пухаты Лев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Министрадӕн ис хӕслӕвӕрд – ӕххуыс кӕнын фермӕртӕн, банысан кодта уагдоны разамонӕг

ЦХИНВАЛ, 18 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны хъӕууон хӕдзарады министрад нывӕнды ӕххуыс кӕнын республикӕйы фермертӕн, фехъусын кодта уагдоны сӕргълӕууӕг Пухаты Лев премьер-министр Пухаты Эрикимӕ фембӕлды, кӕцыйы рӕстӕджы ӕрдзырдтой 2019 азы фыццаг хайы архайды фӕстиуджыты тыххӕй.

"Статистикӕмӕ гӕсгӕ, цӕрджыты 40 проценты цӕрынц хъӕуты, ӕмӕ алкӕцы хӕдзары дӕр уагъд цӕуы алыгъуызон хъӕууон хӕдзарадон продукци. Уый фӕдыл министрадӕн ис хӕслӕвӕрд – ӕххуыс кӕнын фермертӕн", - хъусын кӕны министры ныхӕстӕ хицауады пресс-службӕ.

Хъӕууон хӕдзарады министрады информацимӕ гӕсгӕ, Ленингоры районы фермерон хӕдзарадтӕ ӕмӕ арендатортӕ байтыдтой 1,2 мин гектары, Знауыры районы – иу мин гектары, Цхинвалы районы - дыууӕ сӕдӕ гектары.

Хорӕфснайӕн

Фембӕлды рӕстӕджы банысан кодтой, Ленингоры районы кӕй бафснайдтой хоры 150 гектары. Пухаты Левы ныхӕстӕм гӕсгӕ, хъӕууон хӕдзарадон техникӕ ис хорз уавӕры, иудадзыг сын ласынц ӕртаг.

Хуссар Иры фӕцис хоры уалдзӕгон тыд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры фӕцис хоры уалдзӕгон тыд

Хъӕууон хӕдзарадон продукци ӕфснайын фермертӕн ӕххуыс кӕны Паддзахадон унитарон куыстуат "Ирагропромсервис". Сӕрмагонд фермертӕ фидынц ӕрмӕст дӕр 35 проценты, иннӕ суммӕ фиды паддзахад.

Тӕссаг инфекциты профилактикӕ

Афтӕ ма министр фехъусын кодта, ӕрдӕг азмӕ кӕй ауагътой ӕнӕмӕнгхъӕугӕ профилактикон мадзӕлттӕ, цӕмӕй ма бауадзой фӕзынын ӕмӕ апарахат кӕнын фосы тӕссаг низтӕ.

2019 азы нырма нӕ рабӕрӕг кодтой фосы тӕссаг низтӕ, кӕцыты ныхмӕ ныры онг вакцинаци рацыдысты 10 мин ставд фосы.

Ног хабӕртты лентӕ
0