РХИ парламент арвыста куырдиат ирӕтты геноцид банымайыны фӕдыл УФ Думӕ ӕмӕ Федсовмӕ

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейы Паддзахадон думӕмӕ куырдиат барвитын ирӕтты геноцид банымайыны фӕдыл аскъуыддзаг кодтой парламенты фыццаг сессийы цыппӕрӕм рабадтыл

ЦХИНВАЛ, 1 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттӕ арвыстой куырдиат 1920 азы хуссайраг ирӕтты геноцид банымайыны фӕдыл Уӕрӕсейы Федерацийы Паддзахадон думӕмӕ ӕмӕ Федерацийы Советмӕ, хъусын кӕны закондӕттӕг органы пресс-службӕ.

Ацы фарстыл ӕрдзырдтой парламенты рабадтыл. Депутаттӕ сӕ куырдиаты радзырдтой сӕдӕ азы размӕ цауты тыххӕй ӕмӕ ӕрхастой зианбаййафджыты статистикӕ.

"1920 азы гуырдзиаг ӕфсад фӕцагътой ирӕтты. Гуырдзыстоны хицауады архайд уыд здӕхт Хуссар Ирыстоны цӕрджыты скуынӕг кӕнынмӕ", - дзырдӕуы куырдиаты.

Документы текст гӕнӕн ис фенын закондӕттӕг органы сайтыл.

Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президент: Хуссар Ирыстон домдзӕн йӕ адӕмы геноцид банымайын

Фарст сессимӕ рахаста националон политикӕ, культурӕ, дин ӕмӕ ДИФ фӕдыл комитеты сӕрдар Дьяконты Амиран. Уый банысан кодта, ахӕм куырдиӕттӕ парламенты номӕй раздӕр дӕр барвыстой Уӕрӕсейы къухдариуӕгадмӕ. 2006 азы Хуссар Ирыстоны IV ӕрсидты парламент Гасситы Знауыры къухдариуӕгады бын барвыста дыууӕ уынаффӕйы: 1918-1920 ӕзты цаутӕн политикон аргълӕвӕрды тыххӕй ӕмӕ 1989-1992 ӕзты хуссайраг ирӕтты генациды фӕдыл деклараци.

"Стыр бузныг алкӕмӕндӕр, чи куыста ацы документыл, уый у ӕцӕг ахсджиаг фарст Хуссар Ирыстонӕн. Парламенты уӕды куырдиӕттӕ ныридӕгӕн сты Уӕрӕсейы Федерацийы Паддзахадон думӕ ӕмӕ Федерацийы Советы. Уый фӕдыл нӕ хъӕуы бакусын нӕ коллегӕтимӕ Паддзахадон думӕ ӕмӕ Федерацийы Советимӕ", - бахахх кодта депутат.

Дьяконты Амиран ма бафтыдта, зӕгъгӕ, РХИ V ӕрсидты парламент Коцты Станиславы къухдариуӕгады бын 2014 азы барвыста куырдиат, цӕмӕй политикон-барадон аргъ скӕной Гуырдзыстоны агрессийӕн Хуссар Ирыстоны ныхмӕ 2004-2008 ӕзты.

Ног хабӕртты лентӕ
0