Президент: Хуссар Ирыстон домдзӕн йӕ адӕмы геноцид банымайын

© Sputnik / Наталья АйриянБибылты Анатолий
Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы сӕргълӕууӕг банысан кодта сомихаг ӕмӕ ирон адӕмы геноцидты ӕнгӕсдзинӕдтӕ

ЦХИНВАЛ, 24 апр — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий мӕсӕлӕй загъта Сомихстоны адӕмӕн сомихӕгты геноциды боны фӕдыл.

Сомихӕгтӕ 24 апрелы мысынц 1915 азы Осмайнаг Турчы геноциды амӕттӕгты, кӕцыйы фӕстиуӕгӕн фӕмард ис 1,5 милуан сомихагӕй фылдӕр.

"Махмӕ ис сомихӕгты егъау диаспорӕ, уыдонӕн дӕр зӕгъын мӕсӕлӕй. Мах нӕхӕдӕг дӕр бавзӕрстам геноцид ӕмӕ зонӕм, куыд зын у ӕввахс адӕмы сафын", — загъта Бибылты Анатолий йӕ иуазон куыстӕн нывонд пресс-конференцийы рӕстӕджы.

Бӕстӕйы сӕргълӕууӕг банысан кодта, дунейон ӕмӕхсӕнад кӕй нӕ ӕмбары ирон адӕмы трагедийы масштабтӕ.

Съемки фильма Геноцид - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры сисдзысты нывæфтыд киноныв 20-æм æзты геноцидыл

"Нӕма бамбӕрста мах дунейон ӕмӕхсӕнад, фӕрсынц нӕ, зӕгъгӕ, цал адӕймаг уӕм фӕмард, цӕмӕй банымайӕм геноцид. Фӕлӕ хыгъдмӕ ничи исы, мах ӕппӕт дунейы иу милуан дӕр кӕй не стӕм. Уымӕ гӕсгӕ мах домдзыстӕм, цӕмӕй нын нӕ геноцид банымайой ӕппӕт дунейы", — бахахх кодта президент.

Хуссар Ирыстоны Уӕлдӕр совет 1990 азы 20 сентябры банымадта ивгъуыд ӕнусы 20-ӕм ӕзты цаутӕ ирон адӕмы геноцидыл. Уӕды рӕстӕджы Гуырдзыстоны меньшевикты къухӕй фӕмард 5729 адӕймаджы, се ‘хсӕн 1375 сылгоймаджы ӕмӕ 1844 сывӕллоны.

Ног хабӕртты лентӕ
0