Зынӕмбарӕн уавӕр: Хуссар Ирыстон ӕмӕ Гуырдзыстонӕн ногӕй нӕ бантыст баныхас кӕнын

© Sputnik / Михаил ХасиевЦънелис
Цънелис - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Знон Хуссар Ирыстон ӕмӕ Гуырдзыстоны арӕныл фӕцис радон техникон фембӕлд ИӔАМ форматы, кӕцыйы рӕстӕджы ӕрдзырдтой Уистӕйы хъӕуы гуырдзиаг блокпосты уавӕрыл

ЦХИНВАЛ, 3 сен – Sputnik, Козаты Диана. Инциденттӕ ма ӕруадзыны ӕмӕ сӕ аиуварс кӕныны фӕдыл механизмты (ИӔАМ) дыккаг техникон фембӕлд, кӕцы фӕцис къуырисӕры арӕнгӕрон хъӕу Эргнеты, ницы фӕстиуджытӕ ӕрхаста.

Цънелис - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир домы Гуырдзыстонӕй раттын квадрокоптеры пырхӕнтӕ

Фарсытӕ нывӕндысты ӕрныхас кӕнын Хуссар Ирыстон ӕмӕ Гуырдзыстоны арӕны уавӕрыл, цы ран Знауыры районы Уистӕйы (Цънелис) хъӕуы цур гуырдзиаг фарс сӕвӕрдта ӕнӕзаконон блокпост.

Баныхас уагъд цыд цыппар сахатӕй фылдӕр, фӕлӕ фарсытӕн нӕ бантыст бадзурын боны фӕткы фарстытыл.

"Нӕ позици нӕ ивы, блокпост у ӕнӕзаконон ӕмӕ йӕ гуырдзиаг фарс хъуамӕ айса. Мах уырны, кӕй нын бантыстдзӕн баныхас кӕнын гуырдзиаг фарсимӕ, цӕмӕй уавӕр фӕхуыздӕр уа арӕныл", - фехъусын кодта фембӕлды фӕстӕ президенты ӕххӕстбарджын минӕвар Джиоты Мурӕт.

Хайадисджытӕ аскъуыддзаг кодтой адарддӕр кӕнын баныхас, фӕлӕ радон фембӕлды датӕ нырма бӕрӕг нӕу.

30 августы ацыд фыццаг техникон фембӕлд ИӔАМ форматы Уистӕйы (цънелис) хъӕуы. Фарсытӕ ныхас кодтой гуырдзиаг полицийы блокпосты арӕзтадыл Хуссар Ирыстоны арӕны цур.

Хуссар Ирыстоны делегаци Инциденттӕ ма ӕруадзыны ӕмӕ сӕ аиуварс кӕныны фӕдыл механизмты форматы фембӕлды рӕстӕджы 29 августы ӕрдомдта Гуырдзыстоны минӕвӕрттӕй айсын блокпост ӕмӕ сын куы нӕ сразы тсы, уӕд ацыдысты фембӕлдӕй. Уавӕры фӕдыл ногӕй ӕрдзырдтой ИӔАМ техникон фембӕлдыл майрӕмбоны.

Ног хабӕртты лентӕ
0