Хуссар Ир домы Гуырдзыстонӕй раттын квадрокоптеры пырхӕнтӕ

© Sputnik / Михаил ХасиевЦънелис
Цънелис - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны генралон прокуратурӕйы квадрокоптер ӕрыппӕрстой хуыцаубоны республикӕйы арӕны цур

ЦХИНВАЛ, 2 сен – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон ӕдасдзинады комитет (ПӔК) банхъардта гуырдзиаг фарсӕн раттын Хуссар Ирыстоны минӕвӕрттӕн квадрокоптеры пырхӕнтӕ, кӕцы ӕрыппӕрстой гуырдзиаг тыхон структурӕтӕ, Инциденттӕ ма ӕруадзыны ӕмӕ сӕ аиуварс кӕныны фӕдыл механизмты (ИӔАМ) форматы фембӕлды рӕстӕджы.

Бибылты Анатолий ӕрсидт Гуырдзыстонмӕ, цӕмӕй ӕруромой сӕ провокацитӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий ӕрсидт Гуырдзыстонмӕ, цӕмӕй ӕруромой сӕ провокацитӕ

Хуссар Ирыстоны генералон прокуратурӕйы квадрокоптер ӕрыппӕрстой хуыцаубоны райсомӕй Гуырдзыстонимӕ арӕны цур. Тӕхӕг аппарат уагъта видео цӕстдард паддзахадон арӕны цур. 10.00 сахатыл гуырдзиаг цӕрӕг пункт Кобийы рдыгӕй квадрокоптер фехстой Хуссар Ирыстоны территорийы рдӕм. Уый фӕстиуӕгӕн квадрокоптер ӕрхаудта Хуссар Ирыстон ӕмӕ Гуырдзыстоны хсӕн арӕны цур.

"Хуссар Ирыстоны ПӔК хъусын кӕны, республикӕйы генералон прокуратурӕйы квадрокоптер кӕй ӕрыппӕрстой гуырдзиаг тыхон структурӕтӕ, афтӕмӕ ӕхсгӕ кодтой Хуссар Ирыстоны территорийы рдӕм. Ацы факт сфидар кодтой цӕстӕйфенджыты бӕрӕггӕнӕнтӕ, кӕцытӕ уыдысты цауы цур ӕмӕ хъуыстой ӕхстытӕ Гуырдзыстоны территорийӕ", - фехъусын кодта къуырисӕры ПӔК пресс-службӕйы разамонӕг Биазырты Екатерина.

Уагдоны сӕ цӕст ӕрдардтой Гуырдзыстоны Паддзахадон ӕдасдзинады службӕйы хъусинагмӕ Хуссар Ирыстоны генералон прокуратурӕйы квадрокоптеримӕ цауы тыххӕй.

"Куырдиаты фехъусын кодтой цауы мӕнг верси. Сӕйраджыдӕр, Гуырдзыстоны Паддзахадон ӕдасдзинады службӕ хъусын кӕны, хуссарирыстойнаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппарат кӕй ӕрхаудта зӕххмӕ гуырдзиаг граждайнаг квадрокоптеримӕ сӕмбӕлды фӕстӕ Карелы муниципалитеты Абанойы хъӕуы цур. Раздӕр "Сила в единстве" змӕлды лидер Давид Кацарава фӕнд кодта йӕхимӕ райсын аппараты ӕрыппарыны аххосаг", - загъта Биазырты Екатерина.

ПӔК бахахх кодтой, уӕззау уавӕрӕй рахизыны тыххӕй гуырдзиаг фарсӕн кӕй хъӕуы равдисын квадрокоптеры пырхӕнтӕ Евроцӕдисы миссийӕн, ӕмӕ йӕ стӕй раттын хуссарирыстойнаг минӕвӕрттӕн басгӕрст ауадзынӕн ИӔАМ фембӕлды рӕстӕджы.

Къуырийӕ фылдӕры размӕ республикӕйы Знауыры районы Уистӕйы (Цънелис) хъӕуы районы бынӕттон цӕрджыты хӕдзӕртты цур гуырдзиаг тыхон структурӕтӕ бавнӕлдтой блокпосты арӕзтадмӕ. Хуссар Ирыстоны ФХМ банысан кодта, ацы уавӕр кӕй хӕссы тӕссагдзинад Хуссар Ирыстоны адӕмӕн.

Хуссар Ирыстоны делегаци Инциденттӕ ма ӕруадзыны ӕмӕ сӕ аиуварс кӕныны фӕдыл механизмты форматы фембӕлды рӕстӕджы 29 августы ӕрдомдта Гуырдзыстоны минӕвӕрттӕй айсын блокпост ӕмӕ сын куы нӕ сразы тсы, уӕд ацыдысты фембӕлдӕй. Уавӕры фӕдыл ногӕй ӕрдзырдтой ИӔАМ техникон фембӕлдыл майрӕмбоны. Фарсытӕ не рцыдысты компромиссмӕ, диалог адарддӕр кӕндзысты ИӔАМ форматы къуырисӕры арӕнгӕрон хъӕу Эргнеты.

Ног хабӕртты лентӕ
0