Премьер министрӕн: медицинон фӕдзӕхсты проблемӕ хъӕуы аскъуыддзаг кӕнын

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы битрӕпрофилон медицинон центр
Цхинвалы битрӕпрофилон медицинон центр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хицауады сӕрдар ӕмӕ уагдоны разамонӕджы фембӕлды темӕ уыд республикӕйы медицинӕйыгъӕд фӕхуыздӕр ӕмӕ фенцонвадатдӕр кӕнын

ЦХИНВАЛ, 9 сен - Sputnik. Медицинон лӕггӕдты ӕнцонвадаты проблемӕ аскъуыддзаг кӕнынӕн хъӕуы пайда кӕнын алы фадатӕй дӕр, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны хицауады сӕрдар Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады сӕргълӕууӕг Тотчиты Георгиимӕ фембӕлды рӕстӕджы.

Хуссар Иры парламент райсдзӕн законтӕ медицинӕйы фадыджы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Законтӕ ӕмӕ программӕтӕ: Хуссар Иры парламент райсдзӕн законтӕ медицинӕйы фадыджы

Фембӕлды темӕ уыд республикӕйы медицинӕйыгъӕд фӕхуыздӕр ӕмӕ фенцонвадатдӕр кӕнын

"Фембӕлды рӕстӕджы ӕрдзырдтой, Хуссар Ирыстоны территорийыл цы уӕрӕсейаг ӕмбӕстӕгтӕ цӕрынц, уыдон фӕдзӕхсыны фӕдыл мадзӕлтты нывӕзты реализацийыл, кӕцымӕ гӕсгӕ сын ӕххӕст кӕндзысты медицинон ӕххуыс Уӕрӕсейы Федерацийы медицинон центрты", - радзырдта РХИ хицауады пресс-службӕйы кусӕг Дзуццаты Тамара.

Премьер-министр ӕмӕ уагдоны разамонӕг ма ӕрдзырдтой республикӕйы медицинон уагдӕттӕ медикаменттӕй сифтонг кӕныныл.

Афтӕ ма хицауады сӕрдар банысан кодта, ацы фарстытӕ иууылдӕр кӕй рахӕсдзысты ӕввахс рӕстӕджы бюджетон къамисы ӕрныхасмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0