Законтӕ ӕмӕ программӕтӕ: Хуссар Иры парламент райсдзӕн законтӕ медицинӕйы фадыджы

© Пресс-служба парламента РЮОХуссар Иры парламент райсдзӕн законтӕ медицинӕйы фадыджы
Хуссар Иры парламент райсдзӕн законтӕ медицинӕйы фадыджы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттӕ аскъуыддзаг кодтой, цы законтыл кусдзысты ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады фадыджы

ЦХИНВАЛ, 17 июл — Sputnik, Козаты Диана. Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад ӕмӕ социалон политикӕйы фӕдыл парламентон комитет снысан кодта законтӕ, кӕцытыл депутаттӕ нывӕндынц кусынц ӕввахс рӕстӕджы.

РХИ парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры парламент аивта йæ структурæ æмæ равзæрста комитетты хистæрты

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны фӕдыл комитет фыццаг ауагъта рабадт парламенты ӕвдӕм ӕрсидты равзарыны фӕстӕ. Депутаттӕ ӕрдзырдтой, цы законтыл кусдзысты медицинӕйы фадыджы, уыдоныл, ӕмӕ байхъуыстой ӕххӕстгӕнӕг органты нывӕзтытӕм, хъусын кӕны закондӕттӕг органы пресс-службӕ.

"Мах цӕттӕ стӕм ӕмгуыстад кӕнынмӕ ӕххӕстгӕнӕг органтимӕ. Ӕз ӕнхъарын ацы комитеты рабадтыл снысан кӕнын куысты нывӕзт, цӕмӕй зонӕм, цы хъуыдытӕ ис махмӕ ӕмӕ ӕххӕстгӕнӕг органтӕм", - загъта комитеты сӕрдар Плиты Александр.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Тотчиты Георгий банхъардта цалдӕр законы проект. Уыдоны хсӕн сты закон проекттӕ "Туберкулезы рагфӕдзӕхст ӕмӕ парахаты тыххӕй", "Цӕрджыты социалон хъахъхъӕнынады бындурты тыххӕй", "Цӕрджыты социалон хъахъхъӕнынады органты тыххӕй", "Инвалидты тыххӕй".

"Афтӕ ма мах нывӕндӕм рахӕссын реализацимӕ 2019 азы цӕрджытӕн ӕнӕаргъ медицинон ӕххуысы паддзахадон программӕ. Уымӕй дарддӕр ма кӕронбӕттӕн этапыл ис 2020-2024 ӕзты ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады райрӕзты стратеги, кӕцы у тынг ахсджиаг документ", - загъта министр.

Тотчиты Георгий бафтыдта, зӕгъгӕ, нывӕндынц саразын фыццаджы медико-санитарон ӕххуысы программӕ, афтӕ ма сӕххӕст кӕндзысты ӕнӕмӕнгхъӕугӕ медицинон агъуыстты арӕзтад.

Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕг Коцты Марина банысан кодта, ацы аз кӕй нӕ фӕнд кодтой кусын законы проекттыл, фӕлӕ законтыл, кӕцыты ис комитеты компетенци, кусынц министрадтимӕ иумӕ.

Рабадты фӕстиуджытӕм гӕсгӕ Комитеты уӕнгтӕ сфидар кодтой куысты нывӕзт ӕввахс рӕстӕгмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0