Куыйтӕ бацахстой сабиты хъазӕн фӕзтӕ. Ныййарджытӕ домынц проблемӕ аиуварс кӕнын

© Sputnik / Лейла ДриаеваДзӕгъӕл куыйтӕ
Дзӕгъӕл куыйтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цӕрджытӕ ӕмӕ сабиты ныййарджытӕ хатынц, цӕмӕй сабиты фӕзуӕттӕ сӕмбонд кӕной, фӕлӕ сӕм нырма хъус дарӕг нӕй

ЦХИНВАЛ, 18 сен — Sputnik, Дриаты Лейла. Цхинвалы фӕстаг рӕстӕджыты сарӕзтой сабитæн бирӕ хиирхæфсæн фæзуæттæ, кæцытæ ахъаз сты сæ физикон рæзтæн. Уыдоны хорз боныгъæдты фенæн вæййы бирæ сывӕллӕтты æмæ сæм æхсызгон вæййы кæсын.

Хуссар Иры МХМ радзырдта дзӕгъӕл куыйты проблемӕйы тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры МХМ радзырдта дзӕгъӕл куыйты проблемӕйы тыххӕй

Уый бæргæ хорз у, фæлæ горæты цы дзæгъæл куыйтæ ис, уыдон дæр сæхи сæрибарæй хатынц ахæм фæзуæтты. Æнтæф бонты схуыссынц сывæллæтты хиирхæфсæнты бын æмæ сын сæхи схицау кæнынц - æввахс бацæуын нæ уадзынц сабиты. Афтæ у, БАМ-ы микрорайоны цы хъазæн фæзуат арæзт æрцыд, уым дæр.

"Куыйтæй тынг тыхсæм. Иуæй тæссаг у сывæллæттыл фæхæцынæй, иннæмæй та стыр тæссаг сты сывæллæтты æнæниздзинадæн дæр, хъазæн фæзуаты территори кæй чъизи кæнынц, уый тыххæй. Адæм куыд дзурынц, афтæмæй куыдзы хъуын хъуыры куы аирвæза, уæд уый зынын кæны астма. Куыйты ис æхсынчъытæ дæр æмæ фæзынынц сывæллæтты дæр", - зæгъы сабитæй сæ иуы ныййарæг Цхуырбаты Бэлæ.

Ноджы ма иу ныййарæг та банысан кодта, зæгъгæ, куыйтæ сабиты хъазæнфæзуатмæ æрбахæссынц стджытæ, алыгъуызон æппæрст дзаумæттæ æмæ йæ уыдæттæй дæр чъизи кæнынц алфамблай.

"Бæргæ хъаст кæнæм уый фæдыл, фæлæ нæ хъуыдыгæнæг нæй, нæхæдæг æй кæддæрты æрæфснайæм, фæлæ дзæгъæл куыйтæ æгæр бирæ сты. Тынг мæ фæнды, цæмæй сабитæн сæ хиирхæфсæн территори срæсугъд кæнон, дидинджытæ дзы ныссадзон. Ацы аз бафæлвæрдтон хъеллаугæнæнты фарсмæ ныссадзын дидинтæ, фæлæ мын сæ куыйтæ ныссæстой. Хатт уыцы куыйтæ 10-12 бæрц дæр бавæййынц æмæ уыдон кæм алæгæрдынц, уым цы дидинæг хъуамæ байрæза", - рахъаст кодта сылгоймаг.

Куыйтæ æнцойад нæ дæттынц, ардæм хæстæг цы цæрæн корпустæ ис, уыдоны цæрджытæн дæр. Æхсæв дæр вæййынц сæ корпусты раз æмæ сæ рæйынæй нал фенцайынц. Цы иугай бæлæстæ дзы ис, уыдон бынтӕ та сты сæ уарзондæр бынæттæ, уæлдайдæр та сæрдыгон тæвд бонты.

© Sputnik / Лейла ДриаеваДзӕгъӕл куыйтӕ
Куыйтӕ бацахстой сабиты хъазӕн фӕзтӕ. Ныййарджытӕ домынц проблемӕ аиуварс кӕнын - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзӕгъӕл куыйтӕ

Цӕрджытӕ ӕмӕ сабиты ныййарджытӕ хатынц, цӕмӕй сабиты фӕзуӕттӕ сӕмбонд кӕной, фӕлӕ сӕм нырма хъус дарӕг нӕй. Ӕрмӕст хаттӕй хатт марын райдайынц дзæгъæл куыйты, фæлæ уыдон фæцъусдæр вæййынц рæстæгмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0