Стоп хæдтулгæ: Цхинвалы скъолаты раз æвæрынц сæрмагонд светофортæ

© Sputnik / Фатим ПлиеваСтолицæйы скъолаты раз фæзындзæн сæрмагонд светофортæ
Столицæйы скъолаты раз фæзындзæн сæрмагонд светофортæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Проект æххæст цæуы Паддзахадон автоинспекцийы æмархайдæй. Фыццаг светофортæ уал фæзындысты Джиоты Аланы проспектыл уæвæг æртæ скъолайы раз

ЦХИНВАЛ, 9 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы администраци, нывæзт "Ӕдас горæт" æххæстгæнгæйæ, ахуырадон уагдæтты æмæ сабидæтты раз æвæры сæрмагонд светофортæ, æфсæн æмбондтæ æмæ фæндагон уромæнтæ. Ногдзинæдтæ здæхт сты активон фендгон змæлды рæстæджы сывæллæтты æдасдзинад бахъахъхъæнынмæ, фехъусын кодтой Sputnik мэрияйы пресс-службæйы.

Дорожно-транспортное происшествие - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕртæ адæймаджы бахаудысты фæндагон фыдбылызы Хуссар Ирыстоны

Проект æххæст цæуы Паддзахадон автоинспекцийы æмархайдæй. Фыццаг светофортæ уал фæзындысты Джиоты Аланы проспектыл уæвæг æртæ скъолайы раз. Скъоладзауты фæндагæн иннæ фарсмæ ахизыны размæ хъæудзæн бахæцын светофоры нысаныл, цæмæй ссудза æмæ урæд æрцæуа хæдтулгæты змæлд.

"Фæстаг рæстæджы Цхинвалы фæзынд бирæ хæдтулгæтæ, стынг ис фæндагон змæлд. Сабиты æдасдзинад бахъахъхъæныны нысанæн æппæт ахуырадон уагдæтты раз арæзт цæуынц сæрмагонд светофортæ, æфсæн æмбондтæ æмæ фæндагон уромæнтæ", - хъусын кæны пресс-службæ столицӕйы администрацийы ЦКХ хистӕр Лалыты Сосланы ныхæстæ.

Уагдоны ма банысан кодтой, скъолаты кæй уадзынц фембæлдтæ ахуырдзаутæн ног светофортæй пайда кæныны фæтк бамбарын кæныны нысанæн. Ногдзинæдтæ скусдзысты, куыддæр светофортæ иууылдæр æвæр фæуой, афтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0