Хуссар Иры хицауад схъӕлӕс кодта 2019 азы бюджетмӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыныл

© Sputnik / Алексей Куденко /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры хицауад схъӕлӕс кодта ивындзинӕдтӕ бахӕссыныл 2019 бюджетмӕ
Хуссар Иры хицауад схъӕлӕс кодта ивындзинӕдтӕ бахӕссыныл 2019 бюджетмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сӕйраг финансон документы ивындзинӕдтӕ баст сты йӕ ӕфтиагон хайы фӕфылдӕримӕ, банысан кодта хицауады рабадтыл финансты министрады сӕргълӕууӕг

ЦХИНВАЛ, 18 окт - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны 2019 азы паддзахадон бюджетмӕ ивындзинӕдтӕ бахастой хицауады уӕнгтӕ рабадты рӕстӕджы майрӕмбоны.

РХИ хицауады рабадт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий бахӕс кодта бафидын ӕфсӕддонтӕн пенситӕ

Ныхас цыд Хуссар Ирыстоны 2019 азы бюджеты ӕфтиагон хайы фӕфылдӕры тыххӕй 17,2 милуан сомы бӕрц.

Финансты министр Хӕбӕлаты Аза куыд банысан кодта, афтӕмӕй ацы мадзӕӕлттӕ баст сты паддзахадон бюджеты ӕфтиӕгты бӕрцуаты фӕфылдӕримӕ.

"Афтӕ ма фӕфылдӕр сты бюджетон фӕрӕзты хицӕн хардзон статьятӕ ӕмӕ бахастой ивындзинӕдтӕ бюджеты хӕрдзты здӕхттӕм", - загъта Хӕбӕлаты Аза.

Ацы суммӕ нывӕндынц адих кӕнын Арӕзтады министрад, Хъахъхъӕнынады министрад, Паддзахадон мыхуыр ӕмӕ информацийы комитет, районтӕ ӕмӕ столицӕйы администрацийы хсӕн.

© Пресс-служба президента РЮОРХИ хицауады рабадт
Хуссар Иры хицауад схъӕлӕс кодта  2019 азы бюджетмӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыныл - Sputnik Хуссар Ирыстон
РХИ хицауады рабадт
Ног хабӕртты лентӕ
0