"Хъуыды йæ кæнын стыр æмæ тыхджынæй": куыд мысынц Хубулы йе ʻмгæрттæ æмæ фырт

© FacebookХуыбылты Валерий
Хуыбылты Валерий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуыбылты Валерийы тыххæй сæ мысинæгтæ Sputnik радзырдтой йæ фырт Сослан, йе мгæрттæ Шадян Вадим æмæ Бестауты Бала

ЦХИНВАЛ, 6 ноя — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны æртыццæджы мысынц бæстæйы ирддæр гоймагтæй иу Хуыбылты Валерийы рухс ном. Уымæн æртын дыууæ азы уыд æгъгъæд, цæмæй йæхицæн скæна уæлæрдзон æнæкъæм адæймаджы фæлгонц.

Хъайтары ном хæссынц столицæйы парк, гимнази æмæ уынг. Æрвылаз йæ райгуырæн бон йæ ингæнмæ ссæуынц æввахс æмгæрттæ æмæ бинонтæ.

"Авд аз мыл цыд уæд, мæ фыды бахъуыды кодтон стыр æмæ тыхджынæй. Мæ царды æдзух дæн уыимæ абарсты уæзы бын", - загъта Sputnik Хуыбылты Валерийæн йæ фырт Сослан.

Æдзард хъайтарыл дыццæджы, 6 ноябры сæххæст уыдаид 53 азы. Хуыбылты Валерийы мæнгардæй амардтой Дзæуджыхъæуы уынгтæй иуыл 21 азы размæ. Хубул историмæ бацыд куыд Хъахъхъæнынады министрады бындурæвæрджытæй иу, Гуырдзыстоны агрессийы ныхмæ активон тохгæнæг, Абхазы хæсты архайæг æмæ дзырддзæугæ политик, æнтыст ын скъуыддзаг кæнын канд мидæггагон проблемæтæ нæ, фæлæ цæгаткавказаг хъаугъатæ дæр.

Хуыбылты Валерийы мысæн изæр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕнкъард гуырæнбон: Цхинвалы æрымысыдысты Хубулы

"Афтæ цæсгомджын, сыгъдæг æмæ намысджын уыд æмæ мын зын у ныхæстæй йæ бамбарын кæнын. Хатгай-иу хъуыды  кодтон – æцæг Хуыцау ахæм æнæкъæм адæймаджы сфæлдыста. Йæ бон æнæраст хъуыддаджы иувæрсты ацæуын нæ уыд", - мысы йæ æмгар Вадим Шадян.

Йæ хæлар ма мысы Хуыбылты Валерий æрвылбон дæр архайдта Ирыстоны хæрзæбонæн. Дыууæ лæппуйы базонгæ кодтой 90 æзты Хуссар Иры змæстытæ. Вадим Шадяны цæсты Хуыбылты Валерий бахаудта Транскамы трассайыл проблематæ скуыддзаг кæнгæйæ.

Хуыбылты Валерий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры мысынц Хуыбылты Валерийы

"90-æм æзты Уанелы лæсæн куы рцыд, уæд уыдыстæм фæндагыл. Валера та Хуссар Ирмæ ласта уæд хæцæнгарз. Тæрккъæвда уыд, не ʻппæт дæр бадтыстæм хæдтулгæты. Уалынмæ уый иунæгæй рахызт машинæйæ, хуызæй æмæ асæй дæр хауд цæсты. Алчидæр æнхъæл уыд зæй арфдæр кæй у, уый къахæй цыд æмæ фæндаггонтæн къухæй æвдыста ацæуæн дзы кæй ис. Ахæм миниуджытæй конд уыд Валера - къуымаутæй агуырдта фæндаг", - мысы йе ʻмгар.

Йæ аннæ æмгар Бестауты Бала нымайы, цæрын йæ куы бауагътаиккой, уæд Ирыстонæн сарæзтаид тынг бирæ.

"Политикæйы æмæ Ирыстоны сæрибардзинадæн сарæзта æнæкæрон бирæ, фæлæ ма йæ уымæй дарддæр фæндыд скусын кæнын æрзæткъахæнтæ, саразын æрмадзтæ. Тынг бирæ йæ фæндыд саразын, нæ йæ бауагътой цæрын", - загъта Sputnik Бестауты Бала.

Ног хабӕртты лентӕ
0