Берлины сарӕзтой гермайнаг-ирон хӕларады клуб

© AP Photo / Markus SchreiberБерлины сарӕзтой гермайнаг-ирон хӕларады клуб
Берлины сарӕзтой гермайнаг-ирон хӕларады клуб - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Медойты Дмитрий хайад райста гермайнаг-ирон хӕларады клубы арӕзтады

ЦХИНВАЛ, 12 ноя - Sputnik. Берлины къуырисӕры, 11 ноябры, ацыд гермайнаг-ирон хӕларады клубы ӕмбырд, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) пресс-службӕ. Ӕмбырды хайад райстой РХИ ӕддагполитикон уагдоны сӕргълӕууӕг Медойты Дмитрий, Берлины регионалон парламенты депутаттӕ Гуннар Линдерман, Франк Шеермессер, профессор Хеннинг Зоз, профессор Рихард Гретцингер ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Медойты Дмитрий Берлины - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ФХМ сӕргълӕууӕг фембӕлдзӕн Германийы политиктӕ ӕмӕ бизнесментимӕ

Фембӕлды рӕстӕджы райстой Меморандум, кӕцыйы банысан кодтой, клуб кӕй ӕрбаиу кӕндзӕн йӕ рӕнхъыты гермайнаг ӕхсӕнады минӕвӕртты, кӕцыты цымыдис кӕны Кавказ ӕмӕ Хуссар Ирыстоны истори ӕмӕ культурӕ. Афтӕ ма Клубы уӕнгтӕн уыдзӕн бастдзинад граждайнаг ӕхсӕнады минӕвӕрттимӕ, Хуссар Ирыстоны зонадон ӕмӕ культурон зылдтимӕ.

Гермайнаг-ирон клубы президентӕй ӕмхъӕлӕсӕй равзӕрстой Берлины регионалон парламенты депутат  Гуннар Линдерманы, кӕцы уыд Хуссар Ирыстоны парламентон ӕвзӕрстыты рӕстӕджы. Линдерман радзырдта ӕрӕмбырдуӕвджытӕн Ирыстоны культурӕйы тыххӕй, афтӕ ма ирон адӕмы тырнындзинады тыххӕй саразын нырыккон демократион паддзахад, кӕцы ӕмгуыстад кӕндзӕн Европӕйы адӕмтимӕ.

Медойты Дмитрий бахахх кодта, Хуссар Ирыстон зӕрдиагӕй кӕй райсдзӕн уазджыты, кӕцыты фӕнды базонгӕ кӕнын Хуссар Ирыстоны рагон культурӕимӕ.

Клуб сарӕзтой ФХМ сӕргълӕууӕг Медойты Дмитрийы кусӕгон балцы фӕлгӕтты Европӕйы бӕстӕтӕм, кӕцы адаргъ уыдзӕн 19 ноябрмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0