Гуырдзыстоны ӕмбӕстаджы бакодтой ахӕстоны Хуссар Иры

© ЦОС ФСБ РФ /  Ахизын медиабанкмæГуырдзыстоны ӕмбӕстаджы бакодтой ахӕстоны Хуссар Иры
Гуырдзыстоны ӕмбӕстаджы бакодтой ахӕстоны Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Арӕнхъахъхъӕнджытӕ ӕрурӕдтой Важа Гаприндашвили ӕмӕ ноджы ӕртӕ фӕткхалӕджы республикӕйы арӕн фехалыны тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 15 ноя – Sputnik, Козаты Диана. Ленингоры районон тӕрхондон рахаста уынаффӕ Гуырдзыстоны ӕмбӕстӕг Важа Гаприндашвилийы фӕдыл, цӕмӕй йӕ сбадын кӕной ахӕстоны дыууӕ мӕймӕ, фехъусын кодтой майрӕмбоны Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПӔК).

Фыдгæнæг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гуырдзыстоны æмбæстаджы æрцахстой Хуссар Иры

Хуссар Ирыстоны арӕнхъахъхъӕнджытӕ цалдӕр боны размӕ ӕрурӕдтой Гаприндашвили ӕмӕ ноджы ӕртӕ арӕнхалӕджы. Фӕткхалӕджы фӕдыл ПӔК бакодта уголовон хъуыддаг арӕны сӕртыл ӕнӕзаконон ахизыны фӕдыл, уымӕн ӕмӕ сбӕрӕг кодтой, уый барӕй кӕй фехӕлдта Хуссар Ирыстоны арӕн.

"Ленингоры районон тӕрхондон рахаста уынаффӕ Гуырдзыстоны ӕмбӕстӕг Важа Гаприндашвилийы фӕдыл, цӕмӕй йӕ сбадын кӕной ахӕстоны развӕлгъау фӕдӕвзарыны рӕстӕг - дыууӕ мӕймӕ", - загъта ПӔК пресс-службӕйы минӕвар Биазырты Екатерина.

Аннӕ арӕнхалджыты Ленингоры районон тӕрхондон ӕрбаздахта административон бӕрнмӕ ивар бафидын ӕмӕ республикӕйы территорийӕ арвитыны хуызы.

Ног хабӕртты лентӕ
0