Хуссар Иры ӕмӕ Днестргӕроны минӕвӕрттӕ бакусдзысты уӕлдӕр ӕмвӕзадыл фембӕлд ауадзыныл

© Пресс-служба МИД ПМРВиталий Янковский фембӕлд Днестргӕроны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Виталий Игнатьевимӕ
Виталий Янковский фембӕлд Днестргӕроны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Виталий Игнатьевимӕ  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны официалон минӕвар Днестргӕроны радзырдта Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады сӕргълӕууӕгӕн хуссарирыстойнаг столицӕмӕ балцы хатдзӕгты тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 18 ноя - Sputnik. Хуссар Ирыстоны минӕварады сӕрдар Днестргӕроны Виталий Янковский ӕрдзырдта бӕстӕйы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Виталий Игнатьевимӕ ӕхсӕнуагдонон бастдзинӕдты райрӕзтыл ӕмӕ бӕрзонддӕр ӕмвӕзадыл дыууӕварсон фембӕлдыл бакусыныл.

Виталий Янковский - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры минӕвары Днестргӕроны схорзӕхджын кодтой орден "Сгуыхтдзинӕдты тыххӕй"

Днестргӕроны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй Янковский радзырдта уагдоны сӕргълӕууӕгӕн Хуссар Ирыстонмӕ балцы хатдзӕгты тыххӕй.

"Фембӕлдты рӕстӕджы фарсытӕ загътой сӕ хъуыдытӕ цалдӕр проекты иумӕйаг реализацийы тыххӕй, афтӕ ма ӕрдзырдтой Днестргӕрон ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ӕмархайды здӕхтытыл", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Амӕйразмӕ Виталий Янковский фембӕлд Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолиимӕ республикӕйы столицӕйы. Паддзахады сӕргълӕууӕг банысан кодта, Цхинвалы сӕ цӕст кӕй дарынц Днестргӕроны цаутӕм ӕмӕ йӕ нымайынц ӕфсымӕрон бӕстӕйыл.

© Пресс-служба МИД ПМРВиталий Янковский фембӕлд Днестыргӕроны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Виталий Игнатьевимӕ
Хуссар Иры ӕмӕ Днестргӕроны минӕвӕрттӕ бакусдзысты уӕлдӕр ӕмвӕзадыл фембӕлд ауадзыныл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Виталий Янковский фембӕлд Днестыргӕроны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Виталий Игнатьевимӕ
Ног хабӕртты лентӕ
0