Хуссар Иры районты фӕзындзӕн ног тобӕгонд зонӕтӕ

© Sputnik / Наталья АйриянПаддзахадон тобӕгонд зонӕ
Паддзахадон тобӕгонд зонӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ног ӕвӕрд зонӕты хъахъхъӕндзысты сырдтӕ ӕмӕ зайӕгойты алыгъуызон хуызтӕ, банысан кодта хицауады рабадтыл ӕрдз хъахъхъӕныны фæдыл уагдоны сӕрдар

ЦХИНВАЛ, 27 ноя – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны хицауад ӕртыццӕджы рабадтыл хорзыл банымадта фарст республикӕйы Ленингор ӕмӕ Знауыры районы тобӕгонд зонӕтӕ саразыны фӕдыл.

Республикӕйы экологи ӕмӕ ӕрдзӕй пайдакӕнынады комитеты сӕрдар Бестауты Бала банысан кодта, Паддзахадон тобӕгонд зонӕйӕ сырдтӕ кӕй хизынц ӕндӕр районты территоритӕм, цы ран сыл цуан кӕнынц. Афтӕ ма республикӕйы территорийыл ис уникалон зонӕтӕ, цы ран зайынц стӕм зайӕгойтӕ ӕмӕ бӕлӕстӕ. Бестауты Бала бахахх кодта, уыдон иууылдӕр кӕй хъӕуы хъахъхъӕнын.

"Фӕстаг ӕзты тобӕгонд зонӕйы территори фӕфылдӕр ис, ӕрцыд дзы ивындзинӕдтӕ. Дыууӕ хатты дзы баластой сагты Цӕгат Кавказӕй. Афтӕ ма дыууӕ хатты та баластой хъӕддаг хуыты. Уый фӕстиуӕгӕн сырдты нымӕц фӕфылдӕр ис, ӕмӕ уыдон райдыдтой хизын тобӕгонд зонӕйы территорийӕ, сӕйраджыдӕр, Ленингоры районмӕ", - радзырдта Бестауты Бала.

Афтӕ ма комитеты сӕрдар банысан кодта, Ленингоры районы цӕугӕдон Ксаны бирӕтӕ ӕнӕзакононӕй кæй ахсынц кӕсӕгтӕ.

Кавказаг леопард - Sputnik Хуссар Ирыстон
Эльбрус удӕгас у? Хуссар Ирыстоны федтой фыранчы

Бестауты Балайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Знауыры районы, Нагутнийы комы та ис уникалон субтропикон зонӕ, цы ран зайынц алыгъуызон стӕм зайӕгойтӕ.

Уый фӕдыл Бестауты Бала банхъардта хицауадмӕ хорзыл банымайын Ленингор ӕмӕ Знауыры районы тобӕгонд зонӕты арӕзтад.

Хицауад сразы хъӕппӕрисимæ. Премьер-министр Пухаты Эрик ныхӕстӕм гӕсгӕ, Хуссар Ирыстоны флорӕ ӕмӕ фаунӕ бавӕрыны фарст у тынг ахсджиаг.

"Мах хъуамӕ бавӕрӕм ацы рӕсугъддзинад нӕ фидӕны фӕлтӕрӕн", - загъта хицауады сӕрдар.

Хуссар Ирыстоны Паддзахадон тобӕгонд зонӕ арӕзт ӕрцыд Леуахийы тобӕгонд зонӕйы бындурыл. Ныртӕккӕ йӕ фӕзуат у 25 мин гектармӕ ӕввахс.

Ног хабӕртты лентӕ
0