Эльбрус удӕгас у? Хуссар Ирыстоны федтой фыранчы

Рафыссын
Хуссар Ирыстоны районтӕй иуы федтой кавказаг фыранчы. Нырма зын зӕгъӕн у, фесӕфӕг фыранк Эльбрус у, ӕви нӕ, банысан кодта Бестауты Бала

ЦХИНВАЛ, 23 окт — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Кавказаг фыранчы федтой Хуссар Ирыстоны Знауыры районы Цъорбисы хъӕуы цур комы, фехъусын кодта Sputnik геологи, экологи ӕмӕ ӕрдзӕй пайдакӕнынады комитеты сӕрдар Бестауты Бала. Уый гӕнӕн ис у фыранк Эльбрус, кӕцы фесӕфт фарон азы кӕрӕтты.

"Хъӕдгӕс Коцты Хох сгӕрста ком. Цыппар километры куыд бацыд мидӕмӕ, уӕд схызт бӕрзӕндмӕ. Доны цур уый федта сырд, кӕцы уыд куыдзӕй стырдӕр ӕмӕ даргъ кӕдзилимӕ", - банысан кодта Бестауты Бала.

Бестауты Бала бафтыдта, зӕгъгӕ, хъӕдгӕс ӕрхызт бынмӕ ӕмӕ систа сырды фӕдты къамтӕ.

"Сырды дзӕмбы фӕд уыд нӕлгоймаджы къухы йас. Къамтӕ мах арвыстам Мӕскуымӕ ахуыргонд Рожновмӕ. Уым дӕр сӕ ныфс ис, адон кӕй сты Эльбрусы фӕдтӕ", - загъта Бестауты Бала.

Переднеазиатский леопард - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры августы райдайдзысты агурын "уазæг" фыранкы

Уый ма банысан кодта, Хуссар Ирыстоны фыццаг хатт кӕй нӕ федтой фыранчы.

"Хъӕдгӕс Машхарайы хъӕуӕй Зӕгъойты Ӕхсар хъусын кӕны, дыууӕ хатт кӕй федта фыранчы биноклы. Сырд уыд хохыл. Уыцы бынат ис Леты комы цур, уый у хӕстӕг фыранк кӕм фесӕфт, уыцы бынатмӕ", - банысан кодта комитеты сӕрдар.

Бестауты Бала бафтыдта, йӕ бон зӕгъын кӕй нӕу, дыууӕ хъӕдгӕс дӕр иу фыранчы федтой, ӕви нӕ.

Фарон сӕрды Цӕгат Ирыстоны националон парчы ауагътой дыууӕ фыранкы - нӕл Эльбрус ӕмӕ сыл Волнайы. Эльбрус, хъуырцӕджы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, ӕрбахызт Хуссар Иры территоримӕ, фӕлӕ уым декабрӕй фӕстӕмӕ фесӕфт йӕ фӕд.

Ног хабӕртты лентӕ
0