Юстицийы министрады сбӕрӕг кодтой Хуссар Иры районты хсӕн арӕнтӕ

© Sputnik / Ада БагианЮстицийы министрад
Юстицийы министрад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны юстицийы министрады ацыд РХИ административон-территориалон арӕнтӕ ауадзыны фӕдыл къамисы рабадт

ЦХИНВАЛ, 5 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны административон-территориалон арӕнтӕ ауадзыны фӕдыл къамисы уӕнгтӕ ӕркастысты фарстытӕм, кӕцытӕ баст сты республикӕйы районты хсӕн арӕнтӕ сбӕрӕг кӕнынимӕ, афтӕ ма бацӕттӕ кӕндзысты нормативон-барадон акты проекттӕ ацы фарсты фӕдыл.

Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы иумӕйаг къамис ногӕй ӕрдзырдта арӕны демаркацийыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы иумӕйаг къамис ногӕй ӕрдзырдта арӕны демаркацийыл

"Районты сӕргълӕуджытӕ хъахъхъӕдтой сӕ территориты интерестӕ. Рабадтыл юстицийы министр Лалыты Зӕлинӕ банысан кодта, сӕйраг хӕслӕвӕрд кӕй у сӕххӕст кӕнын республикӕйы цӕрджыты интерестӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Рабадты хатдзӕгтӕм гӕсгӕ, районты сӕргълӕуджытӕ хъуамӕ рахӕссой сӕ территориты арӕнтӕ сбӕрӕг кӕныны фӕдыл проекттӕ Хуссар Ирыстоны хицауады рабадтмӕ.

Къамис йӕ куыст ӕххӕст кӕны РХИ Конституци, республикӕйы президенты барамындтӕ ӕмӕ уынаффӕтӕ, хицауады уынаффӕтӕ ӕмӕ регламентмӕ гӕсгӕ. Къамис сконд сфидар кодтой 2019 азы 26 марты.

Ног хабӕртты лентӕ
0