Алыгъуызон фӕлындӕнтӕ ӕмӕ бюджет: Цхинвалы байгом ногазон армукъа

© Sputnik / Наталья АйриянНогазон армукъа
Ногазон армукъа - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны столицӕйы ногазон армукъайы гӕнӕн ис балхӕнын аразгӕ наз бӕлӕстӕ ӕмӕ алыгъуызон фӕлындӕнтӕ, афтӕ ма райсын бӕрӕгбонон зӕрдӕйы уаг

ЦХИНВАЛ, 17 дек – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Цхинвалы къуырисӕры, 16 декабры, байгом ногазон армукъа. Традицимӕ гӕсгӕ базарадон рӕнхъытӕ сӕвӕрдтой горӕты базары раз Харебаты Исахъхъы уынгыл. Уым ис гирляндӕтӕ, рӕсугъд хъазӕнтӕ ӕмӕ бирӕнымӕц сувениртӕ горӕты цӕрджытӕ ӕмӕ уазджытӕн.

Ног аз Хуссар Ирыстоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Армукъа, наз бæлас æмæ гирляндæтæ: куыд цæттæ кæнынц Цхинвал Ног азмæ

Базары рӕнхъыты фылдӕр хай нырма гом нӕу, фӕлӕ тагъд рӕстӕджы бирӕнымӕц уӕйгӕнджытӕ райдайдзысты уӕй кӕнын сӕ продукци. Армукъа кусдзӕн суанг Ног азы онг.

Амалиуӕггӕнджытӕй иу куыд радзырдта Sputnik, афтӕмӕй ацы аз хъазӕнтӕ хицӕн кӕнынц ӕнахуырдзинадӕй – армукъайы бавдыстой бирӕ къухӕй арӕзт куыстытӕ.

"Армукъайы бавдисдзыстӕм алыгъуызон фӕлындӕнтӕ. Афтӕ ма ӕрмхудтӕ ӕмӕ цъындатӕ наз бӕласӕн, фӕлындӕнтӕ ӕмӕ гирляндӕтӕ", - радзырдта чызг-уӕйгӕнӕг.
© Sputnik / Наталья АйриянНогазон армукъа
Алыгъуызон фӕлындӕнтӕ ӕмӕ бюджет: Цхинвалы байгом ногазон армукъа - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ногазон армукъа

Назы бӕласы хъазӕнтӕ гӕнӕн ис балхӕнын 15-ӕй 500 сомы онг аргъӕй. Хъазӕнтӕ, гирляндӕтӕ ӕмӕ алыгъуызон фӕлындӕнтӕй дарддӕр армукъайы гӕнӕн ис балхӕнын аразгӕ назы бӕлас дӕр.

Ногазон армукъайӕн нырма нӕй егъау масштаб, фӕлӕ фыццаг клиенттӕ ныридӕгӕн тезгъо кӕнынц ӕмӕ ӕлхӕнынц назы бӕласы фӕлындӕнтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0