Хуссар Иры УУМ-ӕн бантыст ахуыссын кӕнын хус кӕрдӕджы ссыгъд Цхинвалы цур

© МЧС РЮОЗынгсирвӕзт
Зынгсирвӕзт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зынгфӕдисонтӕ артимӕ тох кодтой къухӕй, уымӕн ӕмӕ сӕрмагонд техникӕйӕн фадат нӕ уыд бацӕуын зынгсирвӕзты бынатмӕ

ЦХИНВАЛ, 27 дек — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Зынгфӕдисонтӕ аиуварс кодтой зынгсирвӕзт микрорайон "Хурзӕрин"-ы сӕрмӕ Хуссар Ирыстоны столицӕйы цур, фехъусын кодта Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-секретарь Тедеты Роза.

© МЧС РЮОЗынгсирвӕзт
Хуссар Иры УУМ-ӕн бантыст ахуыссын кӕнын хус кӕрдӕджы ссыгъд Цхинвалы цур - Sputnik Хуссар Ирыстон
Зынгсирвӕзт

Уый бахахх кодта, 30 зынгфӕдисоны цыппӕрӕмы райсомӕй фӕстӕмӕ хуыссын кодтой хус кӕрдӕджы ссыгъд хъӕдрӕбын.

Хуссар Иры УУМ радзырдтой республикæйы зынгирвæзттыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фæлдурæджджын зымæг: Хуссар Иры УУМ радзырдтой республикæйы зынгирвæзттыл

"Уыдон артимӕ тох кодтой къухӕй, уымӕн ӕмӕ сӕрмагонд техникӕйӕн фадат нӕ уыд бацӕуын зынгсирвӕзты бынатмӕ. Знон зынгфӕдисонтӕ ахуыссын кодтой арт ӕмӕ йӕ нӕ бауагътой аххӕссын ӕндӕр бынӕттӕм", - радзырдта Тедеты Роза.

Цыппӕрӕмы райсом УУМ ӕрӕмбырд кодтой кусджыты, 11.00 сахатыл та къорд уыд зынгсирвӕзты бынаты.

© МЧС РЮОЗынгсирвӕзт
Хуссар Иры УУМ-ӕн бантыст ахуыссын кӕнын хус кӕрдӕджы ссыгъд Цхинвалы цур - Sputnik Хуссар Ирыстон
Зынгсирвӕзт
"Ауагътам разӕсгӕрст, сбӕрӕг кодтам 15 зынгсирвӕзты, уый фӕстӕ зынгфӕдисонтӕ бавнӕлдтой арт хуыссын кӕнынмӕ. 17.30 сахатыл зынгсирвӕзттӕ аиуварс кодтам", - радзырдта РХИ УУМ тыхтӕ цӕттӕ кӕныны хайады хистӕр Захарты Инал.

Уый размӕ зынгфӕдисонтӕ аиуварс кодтой зынгсирвӕзттӕ Ленингоры районы цæрæн пункттæ Канчабет, Раздахæн, Цолд, Знауыры районы хъæу Схлиты æмæ Цхинвалы районы Къусрет, Прис, æмæ Стыркомы хъæуты.

Ног хабӕртты лентӕ
0