Хуссар Иры милици рахызт куысты фӕтыхджындӕргонд режиммӕ

© МВД РЮОРейдтӕ
Рейдтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ног азы бӕрӕгбоны рӕстӕджы ӕхсӕнадон фӕтк хъахъхъӕндзысты МХМ 500 кусӕгмӕ ӕввахс

ЦХИНВАЛ, 31 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) кусджытӕ дыццӕгӕй, 31 декабрӕй, рахиздзысты службӕйы фӕтыхджындӕргонд режиммӕ. Уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодтой республикӕйы МХМ пресс-службӕйы.

Цхинвалы милици байста 1,5 мин тобӕгонд пиротехникон ӕрмӕджытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы милици байста 1,5 мин тобӕгонд пиротехникон ӕрмӕджы

Ахӕм скъуыддзаг рахастой рабадтыл, кӕцы ацыд мидхъуыддӕгты министры хӕдивӕг, ӕхсӕнадон ӕдасдзинады милицийы хистӕр, милицийы инӕлар-майор Пухаты Мерабы къухдариуӕгады бын.

"Организацион-практикон мадзӕлттӕ сӕххӕст кӕныны фӕдыл бӕрнон адӕм ӕрныхас кодтой ӕхсӕнадон фӕтк бахъахъхъӕныныл ӕмӕ ӕмбӕстӕгты ӕдасдзинад сӕххӕст кӕныныл", - дзырдӕуы МХМ пресс-службӕйы хъусинаджы.

Нывӕзтмӕ гӕсгӕ, Ног азы бӕрӕгбоны рӕстӕджы ӕхсӕнадон фӕтк хъахъхъӕндзысты МХМ 500 кусӕгмӕ ӕввахс.

Ног хабӕртты лентӕ
0