Инвестор æрцæуы: Хуссар Ирыстоны байгом уыдзæн ног хъæдкусæн комбинат

© Sputnik / Александр Кряжев /  Ахизын медиабанкмæХъæдæрмæг
Хъæдæрмæг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Проекты руаджы фæзындзæн куысты бынæттæ. Куыстуаты цы персонал хъуамæ куса, уыдон сахуыр кæныны хæс дæр ис инвесторыл

ЦХИНВАЛ, 10 янв — Sputnik, Дриаты Лейла. Хуссар Ирыстоны байгом уыдзæн ног хъæдкусæн комбинат, фехъусын кодта республикæйы Базарадон-сæудæджерадон палатæйы сæргълæууæг Æлборты Алан.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ног куыстуат арæзт æрцæудзæн Цхинвалмæ æрбахизæны цæгатварс. Инвестор у Уæрæсейаг амалиуæггæнæг, объект саразынæн хицæн æрцæудзæн 325 милуан сомы.

Гаглойты Анатолийы астæуы массажер - Sputnik Хуссар Ирыстон
Астæуы низтæ сурæг: тъбеттаг хъæддæсны сарæзта тренажер

"Инновацион технологиты фæрцы нæ республикæмæ хуынд цæуынц инвестортæ реалон сектор райтынг кæныны нысанæн. Инвестицион бадзырдмæ гæсгæ дыууæ фарсы дæр райсынц хæс, къухтæ æрфыстæуы сразыдзинадыл. Паддзахад хæсджын у зæххы фадыг радтын, домæнтæм гæсгæ инвестор йæхæдæг æвзары хуыздæр фадыг, кæцы йын къух ратдзæн проект среализаци кæнынæн", - радзырдта Базарадон-сæудæджерадон палатæйы сæргълæууæг.

Проектмæ гæсгæ, дарддæр паддзахад аразы объекты коммуникацитæ, цæмæй республикæмæ цы инвестор æрбацыд,  уымæн уа комфортон уавæртæ куыстæн. Фæлæ йæ рады инвестор хæсджын у, цæмæй йæ проект сæххæст кæна банысангонд æмгъуыдмæ. 

"Проекты руаджы та фæзыны куысты бынæттæ. Куыстуаты цы персонал хъуамæ куса, уыдон сахуыр кæныны хæс дæр ис инвесторыл. Кæй зæгъын æй хæуы, ацы проекты хорздзинæдтæй ма иу у хъалонты закондæттынад дæр, ома, проект реализаци куы æрцæуа, уæд хъалонтæ фæцæуынц бынæттон бюджетмæ", - бафтыдта Æлборты Алан. 

Уый ма загъта, ног хъæдкуысты комбинат йæ фыццаг продукци кæй рауадздзæн августы мæйы. Райдианы уадздзæн мæйы мидæг иу мин кубометры фæйнæг. Фæстæдæр хъæдæрмæджы гуырахст схиздзæн дыууæ мин кубометрмæ. Ам арæзт цæудзæн еврофæйнæджытæ, паркет, хæдзарон хъæдын дзаумæттæ æмæ афтæ дарддæр. Уыдон æрвыст цæудзысты экспортмæ Уæрæсейы алы къуымтæм æмæ фæсарæнтæм - Сиримæ. 

Хуссар Ирыстоны хъæдты инвесторæн уыдзæнис æрмæстдæр тæрс бæлæстæ лыг кæныны бар. Палатæйы сæргълæууæг куыд зæгъы, афтæмæй республикæйы хъæдты цы стæм породæйы бæлæстæ зайынц - æхсæр, сабæлут, хихджынтæ, уыдон баззайдзысты тобæгондæй. Паддзахад нæ бауадздзæн, цæмæй бæлæсты мыггæгтæ куынæг цæуой. Уый хыгъд æппæт дæр сараздзæн, цæмæй хъæдтæ быгъдæг кæм цæуынц, уым афоныл сагъд цæуа талатæ.

Ирыстоны фыццаг рагон ирон музыкалон инструментты æмæ зарæгкæныны центр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хъуамæ уыдаид Цхинвалы: Цæгат Иры бакодтой фыццаг национ инструментты æрмадз

"Паддзахад инвесторы раз æрæвæрдта иуафæдзон лимит, кæцымæ гæсгæ комбинатæн бар нæ уыдзæн 30 мин кбометрæй фылдæр хъæдæрмæг æрцæттæ кæнынæн. Эксперттæ куыд амонынц, афтæмæй уый зиан не ‘рхæсдзæн нæ хъæды фондæн", - баныфсæвæрдта Базарадон-сæудæджерадон палатæйы сæргълæууæг.

Комбинаты уыдзæн 70 бæрц кусæгон бынæттæ. Инвестор хъавы РХИ территорийыл ноджыдæр цалдæр проект сæххæст кæнынмæ. Уыдонæй сæ иу - æфсæн модулон конструкцитæ æмæ урсаджы продукци экспортгæнæн мигæнæнты цех бакæнын. 

Æлборты Алан ма куыд загъта, афтæмæй фæстаг дыууæ азы реалон сектор райтынг кæныны нысанæн республикæмæ æрцыд æртæ уæрæсейаг амалиуæггæнæджы. Цхинвалы район Къостайы хъæумæ хæстæг 45 гектарыл ныссагъдæуыд фæткъуы бæлæстæ. Уым инвестор бавæрдта йæхи сæрмагонд фæрæзтæй 100 милуан сомы. Уый хъавы ноджы йæ бизнес-проекттæ ауæрæхдæр кæнын æмæ уымæн та хъæудзæн уæлæмхас финансон фæрæзтæ. Æрæджы ноджыдæр иу инвестор сфæнд кодта Знауыры районы Аунеуы хъæуы 150 гектарыл æхсæры талатæ ныссадзын. Йæ нысан у ам æркæнгæ тыллæг экспорт кæнын Уæрæсейы базармæ.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0