Низтæ сурæг дон: Къуаисайы бакодтой хосгæнæндон

© Sputnik / Наталья АйриянКъуаисайы донхосгæнæндон
Къуаисайы донхосгæнæндон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Доны хосгæнæн æууæлтæ рагæй хъуыстгонд сты, йæ ратæдзæнмæ къахфæндагыл цыдысты куыд Ирыстоны къуымтæй, афтæ фæсарæнтæй дæр

ЦХИНВАЛ, 20 фев - Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссары Иры горæт Къуаисамæ хæстæг фæзынд æрхæджытæ æмæ стджыты низтæ сурæг донхосгæнæндон. Хъæдын рæсугъд бæстыхай фæзынд амалиуæггæнæг, Хуссар Иры экс-премьер Хуыгаты Ростикы фæндон æмæ хæрдзтæй Хæрдысæры хъæуы.

© Sputnik / Наталья АйриянКъуаисайы бакодтой хосгæнæндон
Низтæ сурæг дон: Къуаисайы бакодтой хосгæнæндон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Къуаисайы бакодтой хосгæнæндон

Хосгæнæнмæ низтæ сурæг дон цæуы 4 километры дæртдзæфæй, йæ саразæджы райгуырæн хъæу Мыртгæджынæй.

"Алцыдæр дзы у цæттæ, хъæуы ма дзы дохтыр æмæ сыгъдæгдзинадмæ йæ хъус чи дара, ахæм адæймаг. Амалиуæггæнæг сарæзта хосгæнæндон æмæ йæ лæвар кæны йæ райгуырæн комæн", - загъта Къуаисайы мэр Бæззаты Геннадий.

Доны хосгæнæн æууæлтæ рагæй хъуыстгонд сты, йæ ратæдзæнмæ къахфæндагыл цыдысты куыд Ирыстоны къуымтæй, афтæ фæсарæнтæй дæр

Лечебно-столовая вода Оssetian - Sputnik Хуссар Ирыстон
Згъубиры дон нымад æрцыд 2018 азы Уæрæсейы хуыздæр продуктыл

"Адæм æм тынг цыдысты - бынæттонтæ дæр æмæ æрцæуæггæгтæ дæр. Ныр æм хæтулгæйы фæдаг дæр ис, фæлæ йæм уæд цыдысты фистæгæй къахфæндагыл. Уым мæгуырау уавæрты истой ваннæтæ, фæстæмæ райгондæй здæхтысты, сæ лæдзгуытæ-иу аппæрстой", - загъта бынæттон цæрæг Хуыгаты Владимир.

Арæзтады хæрдзтæ ахызтысты 5,5 милуанæй, куыстытæ балхынцъ сты 2019 азы кæрон. Ныридæгæн уагдон нырма æххæстæй нæ кусы, фæлæ эксплуатацимæ у цæттæ. Ис дзы цыппар ваннæйы, хъармгæнæн системæ, йæ хъус æм дары хъахъхъæнæг. Хосгæнæн æууæлтимæ дон цæуы йæ кæрты дæр.

Ныр, мэры ныхæстæм гæсгæ, хосгæгæндон хъæуы сфидар кæнын горæты балансыл æмæ йын хъæуы самал кæнын цалдæр штаты.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0