Президент фембӕлд Юлия Чичеринаимӕ ӕмӕ йын загъта бузныг йӕ патриотикон зарджыты тыххӕй

© Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолийы фембӕлд уӕрӕсейаг рок-зарӕггӕнӕг Юлия Чичеринаимӕ
Бибылты Анатолийы фембӕлд уӕрӕсейаг рок-зарӕггӕнӕг Юлия Чичеринаимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зарӕггӕнӕг нывӕнды азарын Цхинвалы зарӕг "Добровольческая", кӕцы нывонд у Мамиты Олегӕн – интербригадӕ "Пятнашка"-йы ирон командӕгӕнӕг ӕмӕ Чичеринайы ӕмбалӕн, кӕцы фӕмард ДАР-ы

ЦХИНВАЛ, 25 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий фембӕлд уӕрӕсейаг рок-зарӕггӕнӕг Юлия Чичеринаимӕ, кӕцы ӕрцыд Цхинвалмӕ паддзахады сӕргълӕууӕджы ӕрхуындӕй, хъусын кӕны президенты пресс-секретарь Гасситы Дина.

Зарӕггӕнӕджы концерт ацӕудзӕн абон Хетӕгкаты Къостайы номыл Паддзахадон драмон театры.

Афтӕ ма рабадты хайад райстой ӕфсӕддон уацхӕссӕг Семен Пегов, кӕцы у патриотикон зарӕг "Добровольческая"-йы автор, ӕмӕ Донбассы хӕсты хайадисӕг, ДАР-ы Хъайтар Ахра Авидзба.

© Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолийы фембӕлд уӕрӕсейаг рок-зарӕггӕнӕг Юлия Чичеринаимӕ
Президент фембӕлд Юлия Чичеринаимӕ ӕмӕ йын загъта бузныг йӕ патриотикон зарджыты тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолийы фембӕлд уӕрӕсейаг рок-зарӕггӕнӕг Юлия Чичеринаимӕ

Бибылты Анатолий бахахх кодта Хуссар Ирыстонмӕ уазджыты ӕрцыды ахсджиагдзинад. Юлия Чичерина бирӕ хатт уыд концерттимӕ ЛАР ӕмӕ ДАР-ы дӕр.

"Мах иууылдӕр ӕмбарӕм, ацы хӕстыты режиссура кӕй у иу. Тынг ахсджиаг у, адӕм кӕй ӕрбаиу вӕййынц. Ӕхсызгон мын у, ды кӕй ӕрцыдтӕ нӕ республикӕмӕ. Сӕйраг бузныг мӕ фӕнды зӕгъын дӕуӕн дӕ патриотикон зарджыты тыххӕй", - загъта президент.
© Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолийы фембӕлд уӕрӕсейаг рок-зарӕггӕнӕг Юлия Чичеринаимӕ
Президент фембӕлд Юлия Чичеринаимӕ ӕмӕ йын загъта бузныг йӕ патриотикон зарджыты тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолийы фембӕлд уӕрӕсейаг рок-зарӕггӕнӕг Юлия Чичеринаимӕ

"Мах азардзыстӕм зарӕг "Добровольческая". Уый мах снывонд кодтам Мамиты Олегӕн (Мамай) – ирон хъайтар ӕмӕ нӕ хорз ӕмбалӕн, кӕцы тох кодта ӕмӕ фӕмард Донбассы", - радзырдта Чичерина

Ахра Авидзбамӕ дзургӕйӕ, президент банысан кодта, уымӕй сӕрыстыр ӕрмӕст абхазӕгтӕ кӕй не сты.

"Дӕ адӕймагдзинад ӕмӕ хӕцӕджы къахдзӕфтӕ ӕвдисынц дӕ хъайтардзинад", - загъта президент.

Фембӕлды кӕрон президент радта уазджытӕн зӕрдылдарӕн лӕвӕрттӕ.

© Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолийы фембӕлд ДАР-ы хъайтар Ахра Авидзбаимӕ
Президент фембӕлд Юлия Чичеринаимӕ ӕмӕ йын загъта бузныг йӕ патриотикон зарджыты тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолийы фембӕлд ДАР-ы хъайтар Ахра Авидзбаимӕ
Ног хабӕртты лентӕ
0