Цхинвалы цæгаттаг хайы ссыгъдысты быдыртæ

© Пресс-служба МЧС РЮО Цхинвалы цæгаттаг хайы ссыгъдысты быдыртæ
Цхинвалы цæгаттаг хайы ссыгъдысты быдыртæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Артимæ тох кæнынц Уæлвæткон уавæрты министрады зынгфæдисонты дыууæ къорды

ЦХИНВАЛ, 10 мар — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы цæгаттаг фарс ссыгъдысты быдыртæ. Уæлвæткон уавæрты министрады зынгфæдисонты иу къордæн не ʻнтысы артыл фæтыхуæвын æмæ сæм ныр бамбал ис дыккаг къорд дæр, загътой Sputnik уагдоны пресс-службæйы.

Хуссар Иры зынгфæдисонтæ ивгъуыд къуыри ахуыссын кодтой 70 арт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Адæймаджы аххосæй: Хуссар Иры къуырийы дæргъы ахуыссын кодтой 70 зынгсирвæзты

Фæстаг дыууæ къуыри Хуссар Ирыстоны тынг сарæх сты зынгсирвæзтытæ, фылдæр бæрцæй уыдон æрцæуынц адæмы уæлæнгай ахасты тыххæй.

"Зынгривæзт ис Цхинвалы цæгаттаг хайы, раздæры Ачабеты хъæуы бынаты. Дыццæджы райсомæй зынгсирвæзт хуыссын кæны уæлвæткон уагдоны къорд, арт бацахста стыр тыгъад æмæ сæм æххуысмæ ацыд дыккаг къорд дæр", - загътой уагдоны.

Раздæр уагдон фехъусын кодта, ивгъуыд къуыри республикæйы кæй æрцыд 70 зынгсирвæзты.

Ног хабӕртты лентӕ
0