Уӕрӕсемӕ бацӕуыныл тобӕ нӕ бандавдзӕн Хуссар Ир, Абхаз ӕмӕ ХПӔ бӕстӕты ӕмбӕстӕгтыл

© Sputnik / Наталья АйриянТранскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Амӕйразмӕ Уӕрӕсе тобӕ сӕвӕрдта бӕстӕмӕ бацӕуыныл коронавирусы пандемийы тыххӕй. Арӕнӕвӕрдтӕ бахизтысты сӕ тыхы 18 марты ӕмӕ адаргъ уыдзысты 1 маймӕ

ЦХИНВАЛ, 23 мар — Sputnik. Уӕрӕсейы хицауад аскъуыддзаг кодта ма сӕвӕрын арӕвӕрдтӕ бӕстӕмӕ бацӕуыныл Хуссар Ирыстон, Абхаз ӕмӕ ХПӔ бӕстӕты ӕмбӕстӕгтӕн. УФ хицауады ӕмбӕлон барамынд ныммыхуыр кодттой барадон информацийы порталы.

"Барамынды фыццаг пункты уагӕвӕрдтӕй ма пайда кӕнын ХПӔ бӕстӕтӕ, Республикӕ Абхаз ӕмӕ Республикӕ Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгты фӕдыл, кӕцытӕ ӕрцӕуынц Уӕрӕсемӕ уӕлдӕфон уадзӕн пунктты уылты ӕмӕ уый фӕстӕ ацӕуынц сӕ ӕмбӕстӕгады паддзахӕдтӕм", - дзырдӕуы хъусинаджы.

УФ хицауад бахӕс кодта ауадзын ацы ӕмбӕстӕгты Уӕрӕсейы паддзахадон арӕны уылты.

Медицинон маскæтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир æнхъæлмæ кæсы гуманитарон æххуысмæ Уæрæсейæ

Уӕрӕсейы фӕстаг суткӕмӕ сбӕрӕг кодтой инфекцийӕ 61 фӕрынчынуӕвӕджы – къуырисӕры райсомы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ коронавирусӕй фӕрынчын сты 367 адӕймаджы. Фӕрынчынуӕвджытӕ иууылдӕр уыдысты бӕстӕты, цы ран ис коронавирусон инфекци: Итали, Франци, Австри, Германи, Испани, Польша ӕмӕ Швейцарийы. Рынчынты бакодтой сӕрмагонд инфекцион боксты. Ауагътой 163 мин тесты коронавирус сбӕрӕг кӕнынӕн. 52 адӕймагӕй фылдӕр сты медикты хъусдарды бын вирусы тыххӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0