ЦХИНВАЛ, 20 мар - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны медицинон уагдæттæ æййафынц индивидуалон хъахъхъæнынады æмæ дезинфекцион фæрæзты цухдзинад. Республикæ бахатыд æххуысмæ Уæрæсейы хицауадмæ, загъта депутаттимæ фембæлды сæйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.
"Югосетпотребнадзоры" сæргълæууæг лыстæггай радзырдта парламентаритæн короновирусы фæдыл дунейы уавæры æмæ Хуссар Иры цы мадзæлттæ ист цæуынц низы æрбауадзын æмæ апарахат ма руадзыны тыххæй.
"Мах зонæм, Уæрæсейы хицауады кæй æркастысты гуманитарон æххуысы фарстмæ канд Хуссар Ирыстонæн нæ, фæлæ ма Абхазæн дæр. Ныфс мæ ис, тагъд кæй райсдзыстæм уыцы æххуыс", - загъта Коцты Марина.
Уый бафтыдта, республикæмæ ныридæгæн кæй æрластой тест-системæты парти коронавирусы ног парти рафæлгъауыны тыххæй.
Амӕйразмӕ Хуссар Ирыстоны тобæ сæвæрдтой фæсарæйнаг æмбæстæгтæн республикæйы территоримæ æрбахизыныл, арæнæвæрд нæ хауы æрмæстдæр уæрæсейæгтæм, афтӕ ма сӕхгӕдтой уадзӕн пункттӕ Гуырдзыстонимӕ паддзахадон арӕныл. Уымӕй дарддӕр тобӕ сӕвӕрдтой культурон ӕмӕ спортивон мадзӕлттӕ ауадзыныл.