Фабрикæ æмæ аварион хæдзары бынаты: Цхинвалы самайдзысты æртæ корпусы

© Sputnik / Natalia AiriyanЦхинвалы самайдзысты æртæ корпусы
Цхинвалы самайдзысты æртæ корпусы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ныридæгæн цæттæ цæуынц фидæны арæзтæдnæн фæзуæттæ, Хъайтарты уынджы кæрон ахафтой аварион хæдзар, пырх цæуынц текстилон фабрикæйы кæлæтдзаг бæстыхæйттæ

ЦХИНВАЛ, 25 мар — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы цæгаттаг хайы бавнæлдтой бирæфатерон хæдзæртты арæзтадмæ. Ныридæгæн цæттæ цæуы фидæны арæзтадæн фæзуат, пырх æмæ хафт цæуынц текстилон фабрикæйы кæлæтдзаг арæзтæдтæ, фехъусын кодта Sputnik арæзтадон фирмæ "СТМ-ЮГ"-ы сæйраг инженер Хъантиаты Таймураз.

Ленингор, сабидон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы хуссар хайы самайдзысты сабидон æмæ бирæуæладзыгон хæдзар

Цхинвалы цæгаттаг фарсы уæвæг егъау сæудæджерадон объект уыд иууыл куыстхъомдæр рауагъдадтæй иу, ам фæллой кодтой сæдæгай адæймæгтæ. Текстилон фабрикæйы тыххæй ацы районыл адæмы хсæн æрфидар ном "Текстиль". Ивгъуыд æнусы 90-æм æзты ам рауагъдад куы ныннымæг ис, уæдæй фæстæмæ ацы бынат æрцыд раууатмæ.

"Цæттæ цæуы арæзтадон фæзуат, арæзтæдтæн сæ æртыккæгæм хай ныххафтой. Цхинвалы Советон дуджы рог сæудæджерады стыр рауагъдады бæстыхæйтты бынаты уыдзæн фондзуæладзгон 75-фатерон хæдзæрттæ", - загъта Хъантиаты Таймураз.

Уый ма радзырдта, арæзтадон фирмæйы бæрны ма кæй ис Хъайтарты уынджы 118-æм аварион хæдзары фидæн дæр.

"Хæдзар уыд аварион æмæ йæ ныппырх кодтам, ныртæккæ фæуд кæнынц сыгъдæггæнæн куыстытæ. Йæ бынаты лæудзæн 60-фатерон хæдзар цыппар подъездимæ", - бафтыдта уый.

Ногарæзт хæдзæрттæ уыдзысты Гуыбаты æфсымæрты уынгыл уæвæг корпустæм æнгæс.

© Sputnik / Natalia AiriyanЦхинвалы самайдзысты æртæ корпусы
Цхинвалы самайдзысты æртæ корпусы - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/3
Цхинвалы самайдзысты æртæ корпусы
© Sputnik / Natalia AiriyanЦхинвалы самайдзысты æртæ корпусы
Цхинвалы самайдзысты æртæ корпусы - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/3
Цхинвалы самайдзысты æртæ корпусы
© Sputnik / Natalia AiriyanЦхинвалы самайдзысты æртæ корпусы
Цхинвалы самайдзысты æртæ корпусы - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/3
Цхинвалы самайдзысты æртæ корпусы
1/3
Цхинвалы самайдзысты æртæ корпусы
2/3
Цхинвалы самайдзысты æртæ корпусы
3/3
Цхинвалы самайдзысты æртæ корпусы
Ног хабӕртты лентӕ
0