Хуссар Иры депутаттӕ банхъардтой уӕлӕмхасӕн мадзӕлттӕ коронавирусимӕ тохы фӕдыл

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры парламент
Хуссар Иры парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Депутаттӕ банхъардтой бацӕттӕ кӕнын ифтонггарз республикӕйы столицӕйы дезинфекцийӕн ӕмӕ фылдӕр информаци дӕттын цӕрджытӕн эпидемиологон уавӕры тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 1 апр – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттӕ банхъардтой сифтонг кӕнын цӕрджыты дезинфекцион фӕрӕзтӕй, афтӕ ма ссӕрибар кӕнын юридикон ӕмӕ физикон гоймӕгты арендон фиддонтӕй. Ацы мадзӕлттӕ уыдзысты карантины дӕргъы, хъусын кӕны закондӕттӕг органы пресс-службӕ.

Карантин шофыртæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Карантин шофыртæн: Хуссар Ирмæ хæлцад ласджытæ дыууæ къуыри уыдзысты хъусдарды бын

Амӕйразмӕ коронавирусы апарахат ма ‘руадзыны фӕдыл оперативон штаб банхъардта уӕлӕмхасӕн мадзӕлттӕ – хицауад тобӕ сӕвӕрдта республикӕмӕ цӕуын ӕмбӕстӕгтӕн. Цӕуыны бар ис ӕрмӕстдӕр хӕлцадон продукттӕ ласджытӕн.

"Хуссар Ирыстоны парламенты ацыд социалон политикӕ ӕмӕ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады фӕдыл комитеты уӕрӕх рабадт. Депутаттӕ банхъардтой уӕлӕмхасӕн мадзӕлттӕ ӕмӕ рекомендацитӕ COVID-19-ы апарахат ма ‘руадзыны нысанӕн", - загътой пресс-службӕйы.

Депутатты хъуыдымӕ гӕсгӕ, фылдӕр информаци хъӕуы дӕттын коронавирусон инфекци COVID-19 эпидемиологон уавӕр ӕмӕ сӕрмагонд гигиенӕйы мадзӕлттӕ ӕххӕст кӕныны фӕдыл дзыллон-информацион фӕрӕзты.

Афтӕ ма парламентаритӕ радтой рекомендаци сифтонг кӕнын цӕрджыты дезинфекцион фӕрӕзтӕй ӕмӕ бацӕттӕ кӕнын ифтонггарз ӕнӕхъӕн горӕты дезинфекцийӕн.

Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры хицауад бакодта ног арӕнӕвӕрдтӕ коронавирусы тыххӕй

Рекомендацитӕ барвитдзысты хицауады сӕрдармӕ.

Ивгъуыд майрӕмбоны республикӕйы хицауад бакодта уӕлӕмхасӕн карантинон мадзӕлттӕ республикӕмӕ коронавирус COVID-19 ма ‘руадзыны фӕдыл. Арӕнӕвӕрдтӕ уыдзысты 13 апрелы онг.

Амӕйразмӕ Хуссар Ирыстоны тобæ сæвæрдтой фæсарæйнаг æмбæстæгтæн республикæйы территоримæ æрбахизыныл, арæнæвæрд нæ хауы æрмæстдæр уæрæсейæгтæм, афтӕ ма сӕхгӕдтой уадзӕн пункттӕ Гуырдзыстонимӕ паддзахадон арӕныл. Уымӕй дарддӕр тобӕ сӕвӕрдтой культурон ӕмӕ спортивон мадзӕлттӕ ауадзыныл.

Ног хабӕртты лентӕ
0