Хӕрзаудӕн фонд "Мах ныфс" байуæрста хæлцадон продуктты фондз сæдæ тыхтоны

© Sputnik / Максим Богодвид /  Ахизын медиабанкмæХӕрзаудӕн фонд "Мах ныфс" байуæрста хæлцадон продуктты фондз сæдæ тыхтоны
Хӕрзаудӕн фонд Мах ныфс байуæрста хæлцадон продуктты фондз сæдæ тыхтоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хæрзгæнджыты адресаттæ сты æххуысхъуаг бинонтæ, лигъдæттæ, æмдзæрæндæтты цæрджытæ, сахъат адæм æмæ бирæсывæллонджын бинонтæ

ЦХИНВАЛ, 20 апр – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хӕрзаудӕн фонд "Мах ныфс" байуæрста хæлцадон продуктты фондз сæдæ тыхтоны. Акци аххæссыд горæт Цхинвал, Знауыр, Дзау æмæ Цхинвалы районтыл, фехъусын кодта Sputnik фонды хистӕр Гаглойты Таира.

Хӕлцады хызынты ис æнæмæнгхъæуæг продукттæ – сæкæр, кърупайы хуызтæ, сой, цай, адджинæгтæ æмæ æндæр хæринæгтæ.

Карантин - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры бирæсывæллонджын бинонты сифтонг кæндзысты ӕнӕаргъ интернетæй

"Абоны онг мах байуæрстам хæлцадон продуктты 500 тыхтоны. Хæрзаудæн акци аххæссыд горæт Цхинвалы æххуысхъуаг бинонтæ æмæ Знауыры районы тыхст уавæрты цæрæг адæмыл. Дыццæджы се ʻххуысы гуырахст райсдзыты Цхинвалы районы сахъат адæм цы бинонты ис, уыдон. Сæ нымæц ахызт 60-йæ", - загъта Гаглойты Таира.

Хæрзгæнджыты адресаттæ сты æххуысхъуаг бинонтæ, лигъдæттæ, æмдзæрæндæтты цæрджытæ, сахъат адæм æмæ бирæсывæллонджын бинонтæ.

"Горæт Цхинвалы фонд балæггад кодта ЦАРЗ-ы æмдзæрæндоны цæрджытæн иууылдæр, стæй ма "Заготзерно"-йы цы лигъдæттæ цæры, уыдонæн. Ис нæм номхыгъдтæ, кæцытæн фонд æххуыс кæны æдзух, сæ нымæцы нанатæ, кæцытæ хъомыл кæнынц сæ зæнæджы зæнæг иунæгæй", - бафтыдта уый.

Уый ма банысан кодта, Дзау æмæ Ленингоры район æххуысхъуаг бинонты номхыгъдтæ нæ бавдыстой.

Маскӕтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Мах ныфс" лӕвар кӕны маскӕтӕ ӕмӕ хӕлцадон тыхтонтӕ

"Дзауы районы хæлцады тыхтонтæ нæхæдæг фæхæццæ кодтам бирæсывæллонджын бинонтæн"- балхынць кодта уый.

Хӕрзаудӕн фонд "Мах ныфс" кусы 2012 азӕй фӕстӕмӕ. Амæй размæ йæ уæнгтæ срæвдз кодтой маскæтæ хуыйыны куыст. Ныридæгæн ма фæнд кæнынц компани "Остелеком"-ы æмархайдæй бирæсывæллонджын бинонты сифтонг кæнын интернетæй дистанцион ахуыры æмгъуыд.

Ног хабӕртты лентӕ
0