Хуссар Иры ноджы аст адӕймаджы фӕрынчын сты коронавирусӕй

© Sputnik / Илья Питалев /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы ӕртыццӕджы фехъусын кодтой, кӕй сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй ӕртӕ фӕрынчынуӕвӕджы, иу боны фӕстӕ ноджы аст тесты равдыстой вирусы уӕвынад

ЦХИНВАЛ, 7 мая - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны COVID-19-ы диагноз сбӕрӕг кодтой ноджы аст адӕймагӕн, загъта Sputnik Югосетпотребнадзоры сӕрдары хӕдивӕг Гаглойты Анна.

Ӕртыццӕджы республикӕйы фехъусын кодтой, кӕй сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй ӕртӕ фӕрынчынуӕвӕджы. Тесттӕ ауагътой алкӕмӕндӕр, чи контакт кодта рынчынтимӕ.

"Коронавирусы уӕвынад сбӕрӕг кодтой ноджы аст адӕймагӕн", - загъта Гаглойты Анна.

Афтӕмӕй, Хуссар Ирыстоны коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджыты нымӕц схызт 11-мӕ.

Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй фыццаг фӕрынчынуӕвӕджы

Хуссар Ирыстон 6 майы онг ӕнтыстджынӕй тох кодта республикӕмӕ коронавирусон инфекцийы ӕрбахызтимӕ. Марты кӕрӕттӕй ӕхгӕд сты ахуырадон уагдӕттӕ, тобӕ сӕвӕрдтой адӕмы массон ӕмбырдтыл ӕмӕ автотранспорты змӕлдыл.

Уӕрӕсеимӕ арӕны уылты хизыныл тобӕ сӕвӕрдтой 5 апрелы ӕмӕ адарддӕр уыдзӕн 31 майы онг, кӕронмӕ ӕхгӕд у республикӕйы арӕн Гуырдзыстонимӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0