Кувӕндӕтты сыгъдӕгдзинад: фӕсивӕд ӕфснайынц Хуссар Иры аив къуымтӕ

© Из архива Лейлы ДриаевойХИПУ-йы ирон филологи æмæ журналистикæйы студенттæ бафснайдтой Джеры комы уæвæг Сау Дзуары алфæмбылай
ХИПУ-йы ирон филологи æмæ журналистикæйы студенттæ бафснайдтой Джеры комы уæвæг Сау Дзуары алфæмбылай - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фыццаг акци фӕсивӕдон комитеты кусджытӕ сӕхӕдӕг ауагътой Цъоны дӕлвӕзы, радон акциты хайад райсынмӕ хатынц волонтертӕм дӕр

ЦХИНВАЛ, 19 май – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитет сиды ӕвзонг адӕммӕ республикӕйы сыгъдӕг, историон ӕмӕ аив къуымтӕ бафснайынмӕ. Фыццаг ӕфснайӕн акци ауагътой комитеты кусджытӕ сӕхӕдӕг, фехъусын кодтой Sputnik комитеты сӕрдары хӕдивӕг Гатыгкоты Валентина.

Фӕндзӕм скъолайы ногдзаутæ бафснайдтой Коммунисты уæлмæрд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фӕндзӕм скъолайы ногдзаутæ бафснайдтой "Коммунисты" уæлмæрд

Комитеты куысты вазыгджын хаххытӕй иу у экологион акцитӕ уадзын сыгъдӕг, историон ӕмӕ аив бынӕтты. Фыццаг ӕфснайӕн акци ауагътой сӕхӕдӕг комитеты активисттӕ сӕ сӕрдар Зассеты Сергейы разамындӕй - бафснайдтой Цъоны дӕлвӕз, кӕцы ацӕугӕ зымӕг уыд адӕмы улӕфӕн бынат. Радон акцитӕм хонынц волонтерты, кӕцытӕн нӕй уазал ахаст сӕ райгуырӕн бӕстӕйы экологийы уавӕрмӕ.

"Мах снысан кодтам нӕ акциты нывӕзт. Фондз бынаты уал бафснайдзыстӕм фыццаг этапы. Нӕ хъусдард аздахдзыстӕм Джеры ӕмӕ Сау дзуӕрттӕм, цӕугӕ дон Пронейы былгӕрӕттӕ ӕмӕ Хеиты судзгӕ доны алфӕмбылаймӕ. Фӕнды нӕ, цӕмӕй сыгъдӕгдзинады фарст ӕрмӕст мах бӕрны ма уа, фӕлӕ ӕппӕт дзыллӕйы", - радзырдта Гатыгкоты Валентина.

Уый ма хъусдард аздӕхта, Хуссар Ирыстоны дӕр, куыд ӕппӕт дунейы, афтӕ экологийы чъизи кӕй ссис  актуалон фарст.

"Ӕфснайӕн акцитӕ сты нӕ ӕдзухон куыст ӕмӕ сӕ 'ххӕст кӕндзыстӕм дарддӕр дӕр. Фӕнды нӕ ӕрӕмбырд кӕнын къордтӕ, кӕцытӕ бамбал уыдзысты нӕ куыстмӕ" , - бафтыдта комитеты минӕвар.

Ног хабӕртты лентӕ
0