Хуссар Ирыстоны мысынц Зары трагедийы амæттæгты

© Sputnik / Наталья АйриянЗар
Зар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕрвылаз дæр 20 майы Хуссар Иры банысан кæнынц Фыдохы æмæ мысæн бон - уыцы бон 1992 азы æрцыд ирон адæмы ног историйы иууыл æгъатырдæр фыдракæндтæй сæ иу

ЦХИНВАЛ, 20 май – Sputnik. Хуссар Ирыстоны æртыццæджы у Фыдохы æмæ мысæн бон, республикæ мысы Зары трагедийы амæттæгты.

Ӕфсæддон фыдракæнд æрцыд 20 майы 1992 азы. Уыцы бон Зары хъæумæ æввахс гуырдзиаг хотыхджын неформалтæ фехстой фæсчъылдымæй сабыр цæрджыты, кæцытæ тырныдтой аирвæзын блокадон Цхинвалæй.

Зары трагеди - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвал ӕрсидт дунеон ӕхсӕнадмӕ бафхӕрын Зары трагедийы азымджынты

Трагеди нымад æрцыд Хуссар Ирыстоны ног историйы иууыл æгъатырдæртæй сæ иуыл, йæ амæттаг баисты 36 адæймаджы, 12 райстой цæфтæ. Фæмардуæвджытæй иууыл кæстæр уыд 11-аздзыд сывæллон, иууыл хистæрыл та цыд 76 азы.

"Гуырдзиаг бандиттæ нæ фæтæригъæд кодтой нæдæр зæрæдтæн, нæдæр сылгоймæгтæн æмæ сабитæн, кæцытæ лыгъдысты зынвадат хæххон фæдагыл хæстон Цхинвалæй Цæгат Ирмæ æмæ Уæрæсемæ. Абоны онг дæр уыцы тугамæхст фыдракæнды организатортæ, афтæ ма перманентон геноциды рæстæджы Хуссар Иры мингай æмбæстæгты марджытæ æфхæрд не рцыдысты", - дзырдæуы УФ уæвæг Хуссар Иры минæварады æрсидты, кæцы арвыстой æртыццæджы Мæскуыйы аккредитацигонд дипмисситæм.

Минæварады зæрдыл æрлæууын кодтой, ацы аз ирон адæмы геноцидыл Гуырдзыстоны национализмы æрдыгæй кæй æххæст кæны 100 азы.

"Ацы трагикон датæ, 1920 азы геноцид, 1989-2008 æзты хæстытæ абон ирд æвдисæн сты, куыд зынаргъ аргъ бафыста Хуссар Ирыстон йæ хæдбардзинады сæраппонд, цас зиæнттæ æмæ цухдзинæдтæ сфæрæзта", - дзырдæуы хъусинаджы.

Абон Хуссар Ирыстоны æруагътой паддзахадон тырысатæ Зары трагедийы амæттæгты мысæнæн. Фыдракæнды бынаты фæмардуæвджыты цыртмæ сæвæрдзысты дидинтæ, ацæудзæн дзы фыдохы митинг.

Ног хабӕртты лентӕ
0