Карантины кӕронмӕ: Хуссар Иры банкы ӕфстауджынтæн адарддæр кодтой сæ хæс фидыны æмгъуыд

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕфснайæн банчы сӕрдары ныхӕстӕм гӕсгӕ, сæ клиенттæн фæстиаты тыххæй пениятæ нæ сæвæрдзысты, стæй сæ кредитон истори дæр нæ фæхалдзысты

ЦХИНВАЛ, 20 май – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Ӕфснайæн банк йе 'фстауджынтæн адарддæр кодта сæ хæс фидыны æмгъуыд карантины кӕронмӕ, фехъусын кодта Sputnik уагдоны сæрдар Джиоты Жанна.

Дистанцион ахуыр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры Национ банк балӕвар кодта телефонтӕ интернаты хъомылгӕнинӕгтӕн

Кредитон организацитæн хæстæ фидыны æмгъуыд адарддæр кæныны тыххӕй фыццаг фехъусын кодтой ивгъуыд мӕйы, уӕдӕй нырмӕ коронавирусы фӕдыл уавӕр кӕй нӕ нывыл кӕны, уымӕ гӕсгӕ хатырон уавӕртӕ адарддӕр кодтой.

"Национ банкимӕ сразыдзинады фӕлгӕтты арӕзт ӕрцыдысты хатырон уавӕртӕ. Банчы клиенттæ хæсджын сты алы мæйы 15 нымæцмæ дæр сраст уæвын, фæлæ ныр куы фæфæстиад кæной, уæд сын пениятæ нæ сæвæрдзыстæм, стæй сæ кредитон истори дæр нæ фæхалдзысты уымæй. Ӕгæр стæмæй ма карантины фæуыды фæстæ дæр хатырон уавæртæ архайдзысты иу мæйы æмгъуыд", - загъта Джиоты Жанна.

Уый ма банысан кодта, Ӕфснайæн лагъзы клиентты фылдæр бæрц, уавæрмæ æнæкæсгæйæ, кæй сарст сты ацы мæйы сæ хæстимæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0