Хуссар Иры парламент сратификаци кодта Луганскимӕ бадзырд уӕлвӕткон цауты фӕдыл

© Sputnik / Наталья АйриянРХИ УУМ
РХИ УУМ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Депутаттӕ хорзыл банымадтой цалдӕр законы проекты парламенты ӕртыккаг сессийы рабадтыл

ЦХИНВАЛ, 9 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны депутаттӕ ӕмхъӕлӕсӕй хорзыл банымадтой РХИ ӕмӕ Луганскы Адӕмон Республикӕйы (ЛАР) хицауӕдты хсӕн Бадзырды ратификаци уӕлвӕткон цауты рагфӕдзӕхст ӕмӕ ликвидацийы фӕдыл.

Хуссар Иры УУМ минӕвӕрттӕ хайад райстой ӕхсӕнадӕмон конференцийы Сочийы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры УУМ минӕвӕрттӕ хайад райстой ӕхсӕнадӕмон конференцийы Сочийы

Скъуыддзаг рахастой республикӕйы парламенты ӕртыккаг сессийы ӕхсӕзӕм рабадтыл къуырисӕры.

Бадзырды ратификацийы фӕдыл законы проект бавдыста ӕддагон политикӕ ӕмӕ ӕхсӕнпарламентон бастдзинӕдты фӕдыл парламентон комитеты сӕрдар Дриаты Заза.

"Бадзырды нысаниуӕг у ӕххуыс кӕнын ӕрдзон ӕмӕ техногенон характеры уӕлвӕткон цауты рагфӕдзӕхст ӕмӕ ликвидацийӕн", - фехъусын кодтой парламенты пресс-службӕйы.

Хуссар Ирыстон 2014 азы банымадта ДАР ӕмӕ ЛАР хӕдбардзинад, республикӕтимӕ фидар ӕрцыдысты дипломатон ахастытӕ. Донецк ӕмӕ Луганскы кусынц Хуссар Ирыстоны минӕварадтӕ, Цхинвалы та — ДАР ӕмӕ ЛАР минӕварадтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0