Генпрокуратурӕйы фехъусын кодтой, кӕй стӕгдартӕ ссардтой Цхинвалы районы

© МВД РЮОХуссар Иры ссардтой ӕртӕ адӕймаджы стӕгдартӕ
Хуссар Иры ссардтой ӕртӕ адӕймаджы стӕгдартӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уагдоны куыд нымайынц, афтӕмӕй стӕгдартӕ сты, 2004 азы ӕбӕрӕгӕй цы ӕртӕ адӕймаджы фесӕфтысты, уыдоны

ЦХИНВАЛ, 10 июн – Sputnik, Козаты Диана. Ӕртӕ адӕймаджы стӕгдартӕ, кӕцытӕ майрӕмбоны ссардтой Цхинвалы районы Багаты хъӕуы цур, ӕвӕццӕгӕн сты Дагестаны дыууӕ ӕмбӕстаг ӕмӕ иу ироны, загъта ПТРК "ИР"-ӕн йӕ интервьюйы Хуссар Ирыстоны генералон прокурор Дзӕгъиаты Уырызмӕг.

Хуссар Иры прокуратурӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры прокуратурӕ фехъусын кодта ӕртӕ адӕймаджы стӕгдартӕ ссарыны лыстӕгдзинӕдтӕ

Адӕймаджы стӕгдартӕ ссардта бынӕттон цӕрӕг, уый фехъусын кодта йӕ ссарӕггагы тыххӕй барадхъахъхъӕнӕг органтӕм.

"Мах нымайӕм, уыдон кӕй сты, 2004 азы 12 январы Дзауы районы цы ӕртӕ адӕйммаджы фесӕфтысты, уыдон стӕгдартӕ. фесӕфджытӕй дыууӕ уыдысты Дагестаны ӕмбӕстӕгтӕ, 1972 ӕмӕ 1960 ӕзты гуырдтытӕ, ӕртыккаг та ирон лӕппу, Мӕргъитӕй, 1985 азы гуырд. Уӕд ыл нырма дыууын азы дӕр нӕма цыд, бынтон ӕвзонг лӕппу", - загъта Дзӕгъиаты Уырызмӕг.

Уый банысан кодта, зӕгъгӕ, уголовон хъуыддаджы бӕрӕггӕнӕнтӕм, дарӕсы фрагменттӕй бӕрӕг у, стӕгдартӕ кӕй сты бирӕ ӕзты ӕбӕрӕгӕй фесӕфджытыл нымадцӕуӕг нӕлгоймӕгты.

"Ис ма ӕндӕр нысӕнттӕ, индивидуалон бӕрӕггӕнӕнтӕ, кӕцытӕм гӕсгӕ мах ӕнӕ экспертизӕйӕ дӕр бамбӕрстам, уыдон уыцы адӕм кӕй сты", - бафтыдта прокурор.

Раздӕр генпрокуратурӕйы фехъусын кодтой, развӕлгъау бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, ингӕныл кӕй цӕуы дӕс азӕй фылдӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0