Хуссар Иры зынвадаты бахауӕг адӕмӕн бакодтой финансон ӕххуыс

© Sputnik / Олег РепуховЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Материалон ӕххуыс паддзахадӕй райстой Хуссар Ирыстоны 122 ӕмбӕстаджы, кӕцытӕ бахаудтой зын цардуагон уавӕрты

ЦХИНВАЛ, 15 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад ӕмӕ социалон райрӕзты министрад ивгъуыд мӕйы бакодта адресон ӕххуыс зынвадаты бахауӕг адӕмӕн, хӕрдзыт иумӕйаг суммӕ у 1,3 милуан сомы.

Цхинвал ӕмӕ Мӕскуы бафыстой бадзырд Хуссар Ирӕн финансон ӕххуысы фӕдыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвал ӕмӕ Мӕскуы бафыстой бадзырд Хуссар Ирӕн финансон ӕххуысы фӕдыл

Материалон ӕххуыс паддзахадӕй райстой I ӕмӕ II къорды ӕхсӕз инвалиды (90 мин сомы); авд ӕмбӕстаджы, кӕцытӕ фӕсахъатджын сты гуырдзиаг-ирон хӕстыты рӕстӕджы (70 мин сомы); 13 сабийы бонтӕй инвалиды (135 мин сомы); 66 бирӕсывӕллонджын бинонтӕ (745 мин сомы); 14 амӕттаджы бинонтӕ (14 мин сомы); фондз иунӕг ӕмбӕстаджы (55 мин сомы); ӕхсӕз сидзӕры (60 мин сомы); республикӕйы фондз цӕрӕджы та райстой материалон ӕххуыс сӕ лӕмӕгъ ӕнӕниздзинады тыххӕй (55 мин сомы), хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ.

Адресон ӕххуыс республикӕйы цӕрджытӕн, кӕцытӕ сты зын уавӕрты, дӕттынц 2015 азы хицауады уынаффӕ "Адресон социалон ӕххуысы фӕдыл"-мӕ гӕсгӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0