"Дзурут ӕргомӕй, иннӕттӕ цӕй кой нӕ кӕнынц": Бибылты Анатолий раарфӕ кодта Sputnik-ӕн

© Sputnik / Наталья АйриянБибылты Анатолий
Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Агентад ӕртыццӕджы нысан кӕны онлайнмӕ рахизыныл фондз азы сӕххӕст. Ацы цауы фӕдыл Sputnik коллективӕн раарфӕ кодта республикӕйы президент

ЦХИНВАЛ, 17 июн – Sputnik. Фондз азмӕ Sputnik Хуссар Ирыстон ссис бӕстӕйы медиа-тыгъдады хай, загъта президент Бибылты Анатолий йӕ арфӕйы агентады коллективӕн йӕ сӕвзӕрды фондз азы юбилейы цытӕн.

Ӕртыццӕджы мультимедийон агентад ӕмӕ радио Sputnik Хуссар Ирыстон нысан кӕны йӕ фыццаг юбилей. Фондз азы размӕ агентады ӕрмӕджытӕ рахизтысты онлайнмӕ.

"Фондз азы бирӕ нӕу, фӕлӕ агентад уыцы рӕстӕгмӕ ссис нӕ бӕстӕйы медиа-тыгъдады хай. Sputnik стыр хайбавӕрд хӕссы Хуссар Ирыстоны имидж сфидар кӕныны хъуыддагмӕ. Ӕвдисы йӕ хъыздыг культурӕ ӕмӕ историимӕ бӕстӕйӕ, кӕцы у зӕрдӕмӕдзӕугӕ бизнесӕн ӕмӕ туристтӕн", - загъта президент.

Президент банысан кодта, агентады авторты аналитикон статьятӕ кӕй хӕссынц дунейон ӕхсӕнадмӕ республикӕйы позици, ӕмбарын сын кӕнынц демократион бындуртӕ, дзурынц сын бӕстӕйы арӕзтады тыххӕй.

Афтӕ ма паддзахады сӕргълӕууӕг банысан кодта агентады куысты социалон ахсджиагдзинад ӕмӕ бахахх кодта, Sputnik арӕх йӕ хъус кӕй ӕрдары республикӕйы проблемӕтӕм, ӕмӕ уымӕй баххуыс кӕны сӕ аскъуыддзаг кӕнын.

Sputnik Южная Осетия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвал фехъуыста: радио Sputnik Хуссар Ирыстон рахызт комкоммӕ эфирмӕ

Президент банысан кодта, иууыл фылдӕр йӕ зӕрдӕмӕ кӕй цӕуынц позитивон ӕмӕ ирд историтӕ хуымӕтӕг адӕмы тыххӕй, республикӕйы ӕмбӕстӕгтӕ, кӕцытӕн ис сӕхи хъуыддаг.

Сӕйраг бузныг паддзахады сӕргълӕууӕг загъта уӕрӕсейаг агентадӕн сайты ирон верси ӕмӕ радиостанц иронау кӕй хизы эфирмӕ, уый тыххӕй.

"Уый стыр ӕххуыс у мадӕлон ӕвзаджы райрӕзтӕн", - бахахх кодта Бибылты Анатолий.

Президенты цӕст бауарзта коллективӕн ӕнтыстытӕ куысты, ирд журналистон фӕдӕвзарӕнтӕ ӕмӕ цымыдисон ныхасӕмбӕлтты.

"Дзурут ӕргомӕй, иннӕттӕ цӕ кой нӕ кӕнынц", - загъта президент.

Sputnik Хуссар Ирыстон райдыдта йӕ куыст бӕстӕйы 2015 азы июны. Агентадӕн ис информацион портал ирон ӕмӕ уырыссаг ӕвзӕгтыл, радиоресурс ӕмӕ бӕрзонд технологион мультимедион пресс-центр. Sputnik Хуссар Ирыстон ахсы фыццаг бынат бӕстӕйы интернет-ДИФты хсӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0