Карз ивартӕ: Хуссар Иры депутаттӕ рахӕцыдысты амалиуӕггӕнджыты фарс

© Sputnik / Константин Чалабов /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры депутаттӕ балӕууыдысты амалиуӕггӕнджыты фарс
Хуссар Иры депутаттӕ балӕууыдысты амалиуӕггӕнджыты фарс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Закондӕттӕг органы ӕркастысты амалиуӕггӕнджыты къорды куырдиатмӕ, кӕцытӕ радзырдтой депутаттӕн ӕгӕр карз санкциты тыххӕй Техцӕстдарды рдыгӕй

ЦХИНВАЛ, 26 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламенты сӕудӕджерад, арӕзтад, транспорт, бастдзинад ӕмӕ ӕрдзон ресурсты фӕдыл комитет радта рекомендаци республикӕйы хицауадӕн фӕлӕмӕгъдӕр кӕнын пандемийы кӕронмӕ санкцитӕ амалиуӕггӕнджыты фӕдыл, хъусын кӕны закондӕттӕг органы пресс-службӕ.

Комитеты рабадтыл ӕркастысты амалиуӕггӕнджыты къорды куырдиатмӕ, кӕцытӕн фӕзынд проблемӕтӕ экологон, технологон ӕмӕ арӕзтадон цӕстдарды комитетимӕ. Рабадтмӕ фӕхуыдтой хицауады вице-премьер Бекъойты Геннадий ӕмӕ Техцӕстдарды сӕргълӕууӕг Къуылыхты Таймуразы.

© Пресс-служба парламента РЮОХуссар Ирыстоны парламенты сӕудӕджерад, арӕзтад, транспорт, бастдзинад ӕмӕ ӕрдзон ресурсты фӕдыл комитеты рабадт
Карз ивартӕ: Хуссар Иры депутаттӕ рахӕцыдысты амалиуӕггӕнджыты фарс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны парламенты сӕудӕджерад, арӕзтад, транспорт, бастдзинад ӕмӕ ӕрдзон ресурсты фӕдыл комитеты рабадт

Парламентон комитеты сӕрдар Ӕлборты Аланы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Техцӕстдард рафыссы амалиуӕггӕнджытӕн бирӕ уынаффӕтӕ егъау ивартимӕ, иу хатт ивары суммӕ рацыд 350 мин сомы.

"Ахӕм суммӕтӕ бирӕ амалиуӕггӕнджытӕн сты ӕгӕр карз. Ӕз разы дӕн, амалиуӕггӕнджытӕ кӕй хъуамӕ ӕххӕст кӕной ӕмбӕлон фӕкттӕ, Техцӕстдард хъуамӕ ӕххӕст кӕна йӕ хӕслӕвӕрдтӕ, фӕлӕ парламент радта рекомендаци хицауадӕн, цӕмӕй ацы басгӕрстытӕ ӕруромой 2020 азы кӕронмӕ коронавирусы пандемийы тыххӕй", - загъта Ӕлборты Алан.

Афтӕ ма комитеты сӕрдар бафтыдта, зӕгъгӕ, Техцӕстдард рафыссы амалиуӕггӕнджытӕн уынаффӕтӕ 23 пункты скондӕй, кӕцытӕ нӕй гӕнӕн среализаци кӕнын Республикӕйы территорийыл.

"Техцӕстдард домы экологы амалиуӕггӕнджытӕй, цӕмӕй сын уа штатыл. Абоны бон ацы домӕн сӕххӕст кӕныны нӕй гӕнӕн", - бахахх кодта Ӕлборты Алан.

Техцӕстдарды разамонӕг Къуылыхты Таймураз фехъусын кодта, кӕй ис гӕнӕн рацӕуын дыууӕкъуырион курсытӕ, цы ран раттынц сертификат, цӕмӕй амалицӕггӕнӕгӕн уой элементарон зонындзинӕдтӕ.

© Пресс-служба парламента РЮОХуссар Ирыстоны парламенты сӕудӕджерад, арӕзтад, транспорт, бастдзинад ӕмӕ ӕрдзон ресурсты фӕдыл комитеты рабадт
Карз ивартӕ: Хуссар Иры депутаттӕ рахӕцыдысты амалиуӕггӕнджыты фарс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны парламенты сӕудӕджерад, арӕзтад, транспорт, бастдзинад ӕмӕ ӕрдзон ресурсты фӕдыл комитеты рабадт

Ӕлборты Алан банысан кодта, Техцӕстдард ма кӕй домы, цӕмӕй алкӕцы амалиуӕггӕнӕгӕн дӕр уой электрик, газовик ӕмӕ эколог.

"Зӕгъут ма мын ӕй, куыд уынут ацы домӕнты реализаци? Кӕм ссарой уыдон уыййас специалистты?", - бафарста парламентон комитеты сӕрдар.

© Пресс-служба парламента РЮОХуссар Ирыстоны парламенты сӕудӕджерад, арӕзтад, транспорт, бастдзинад ӕмӕ ӕрдзон ресурсты фӕдыл комитеты рабадт
Карз ивартӕ: Хуссар Иры депутаттӕ рахӕцыдысты амалиуӕггӕнджыты фарс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны парламенты сӕудӕджерад, арӕзтад, транспорт, бастдзинад ӕмӕ ӕрдзон ресурсты фӕдыл комитеты рабадт

Къуылыхты Таймураз сдзуапп кодта, уый кӕй у ӕдасдзинады хуымӕтӕг техникӕ, ӕмӕ йӕ иууылдӕр кӕй хъуамӕ ӕххӕст кӕной.

"Махмӕ ис профессионалон электриктӕ, семӕ гӕнӕн ис бафыссын законон бадзырд, уымӕ гӕсгӕ электрик лӕггад кӕндзӕн амалиуӕггӕнӕгӕн. Уый хауы газовик ӕмӕ экологмӕ дӕр", - бафтыдта уый.

Рабадты фӕстиуджытӕм гӕсгӕ, хицауадӕн радтой рекомендаци, цӕмӕй пандемийы кӕронмӕ фӕрог кӕной Техцӕстдарды басгӕрстытӕ амалиуӕггӕнджыты фӕдыл, ӕмӕ сын ДИФ-ты уылты хъусын кӕной Техцӕстдарды куысты тыххӕй.

Комитеты сӕрдар ма бафтыдта, зӕгъгӕ, Техцӕстдарды ивартӕ амалицӕггӕнджыты фӕдыл сты ӕгӕр карз: "Цыфӕнды бизнес дӕр ахӕм ивартимӕ гӕнӕн ис сӕхгӕна".

Ног хабӕртты лентӕ
0