Хуссар Иры ӕмбӕстӕгты хицӕн категоритӕ баулӕфдзысты бынӕттон санаторийы

© Sputnik / Наталья АйриянНагутни
Нагутни - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕнӕаргъ балцӕгтӕ ӕмбӕлынц СФХ архайджытӕм, фыццаг къорды инвалидтӕм, Хуссар Иры хӕстон цӕфты фӕстӕ чи фӕсахъат ис, райгуырдӕй сахъат сывӕллӕттӕ ӕмӕ Хуссар Ирыстоны пенсиисджытӕм, кӕцытыл цӕуы 75 азӕй уӕлӕмӕ

ЦХИНВАЛ, 30 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссары Ирыстоны Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады нывӕзтмӕ гӕсгӕ, бӕстӕйы цӕрджыты хицӕн категоритӕ ӕрвыст цӕудзысты улӕфынмӕ бынӕттон санаторимӕ. Балцӕгты хӕрдзтӕ иууылдӕр бамбӕрздзӕн уагдон, фехъусын кодта министры хӕдивӕг социалон фарстыты фӕдыл Сиукъаты Наира.

Фыццаг къорд Нагутнийы улӕфӕндонмӕ ацӕудзӕн ног мӕйы райдайӕны.

Нагутни - Sputnik Хуссар Ирыстон
Нагутнийы "Ныфс" хоны фæхуыздæргонд улæфæндонмæ

"Санатори "Ныфс" сезон кӕны ӕхсӕзӕм июлы. Мах фидар кӕнӕм улӕфджыты номхыгъдтӕ, кӕцыты фӕнды сӕ ӕнӕниздзинад сфидар кӕнын. Балцӕгтӕ ӕмбӕлынц цалдӕр категоримӕ - СФХ архайджытӕ, фыццаг къорды инвалидтӕ, Хуссар Иры хӕстон архайдтыты рӕстӕджы цӕфты фӕстӕ чи фӕсахъат ис, райгуырдӕй фӕстӕ сахъат сывӕллӕттӕ ӕмӕ Хуссар Ирыстоны пенсиисджытӕм, кӕцытӕ цӕуы 75 азы карӕй уӕлӕмӕ", - загъта уый.

Улӕфынмӕ кӕй фӕнды ацӕуын, уыдон хъӕуы къорд документтӕ бацӕттӕ кӕнын.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, фӕсарӕнтӕм санаторон-курортон хоскӕнынмӕ арвитыны фарст скъуыддзаг цӕудзӕн арӕны баконды фӕстӕ.

Ӕрвылаз Знауыры районы Нагутнийы хъӕуы уӕвӕг улӕфӕндон "Ныфс"-ы баулӕфынц 100 адӕймаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0