Хуссар Иры расыг шофырмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕрдӕг азӕй дыууӕ азмӕ ахӕст

© Sputnik / Natalia AiriyanМилици
Милици - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Шофыры раздӕр дӕр тӕрхон кодтой расыгӕй скъӕрыны тыххӕй, фӕндагон змӕлды фӕтк дыккаг хатт фехалыны фӕдыл уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы карздӕр ӕфхӕрд

ЦХИНВАЛ, 10 июл - Sputnik. Цхинвалы Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ ӕрурӕдтой столицӕйы 46-аздзыд цӕрӕджы, кӕцы скъӕрдта ВАЗ-21093 хӕдтулгӕйыл нозтджынӕй, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Иу ФТЦ ӕмӕ дыууӕ фыдракӕнды: Хуссар Иры МХМ ивгъуыд къуырийы уавӕры тыххӕй

Нӕлгоймаджы ӕрурӕдтой Паддзахадон автоинспекцийы профилактикон мадзӕлтты рӕстӕджы, республикӕйы наркологон диспансеры экспертизӕ сбӕрӕг кодта, шофыр кӕй уыд расыг.

"Уый размӕ нӕлгоймаджы банымадтой аххосджыныл аналогион фӕткхалды тыххӕй. Уӕд ын тӕрхондон рахаста административон ахӕст 10 суткӕмӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Дыууӕ азы дӕргъы дыккаг хатт нозтджынӕй скъӕрыны тыххӕй шофыры ӕрбаздӕхдзысты уголовон бӕрнмӕ ӕмӕ йӕ гӕнӕн ис сбадын кӕной ахӕстоны 6 мӕйӕ дыууӕ азмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0