Хуссарирыстойнаг боксер Къудухты Артур рамбылдта йӕ радон тох

© Из архива Артура КудуховаКъудухты Артур
Къудухты Артур - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Къудухты Артур рамбылдта йӕ дыккаг профессионалон тохы боксеры Узбекистанӕй

ЦХИНВАЛ, 31 июл - Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Боксер Хуссар Ирыстонӕй Къудухты Артур рамбылдта йӕ дыккаг профессионалон тохы спортсмены Узбекистанӕй Махсудхон Амировы.

Тыбылты Алик - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Ӕнцон тох уыд": Тыбылты Алик ногӕй рамбылдта рингыл

Тох ацыд боксерон изӕры фӕлгӕтты Дзӕуджыхъӕуы.

"Мах ӕрвылбон тренировкӕ кӕнӕм, цӕмӕй цӕттӕ уӕм алы зындзинадмӕ дӕр. Цалдӕр боны баулӕфдзӕн, ӕмӕ ногӕй райдайдзӕн тренировкӕ кӕнын", - загъта Къудухты Артур.

Уый уыд Къудухты Артуры дыккаг профессионалон тох. Фыццаг тохы уый нокауты арвыста йӕ ныхмӕлӕууӕджы "Shamo boxing" турниры фӕлгӕтты Мӕскуыйы.

Къудухты Артур архайы фыццаг уӕззау уӕзы (91 килограммы уӕзы категорийы). Спортсмен тренировкӕ кӕны Сланты Виталийы къухдариуӕгады бын ӕмӕ хъахъхъӕны боксерон клуб "Ариана"-йы кад.

Ног хабӕртты лентӕ
0