Рагон проблемӕ: Хуссар Иры Къостайы хъæу сифтонг кæндзысты нуазыны донæй

© Sputnik / Дриаты ЛейлаХуссар Иры Къостайы хъæу сифтонг кæндзысты нуазыны донæй
Хуссар Иры Къостайы хъæу сифтонг кæндзысты нуазыны донæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Куыстытæ кæронмæ сæххæст кæнынæн ма хъæуы нымад бонтæ, стæй дон иумæйаг резервуарæй хæццæ кæндзæн хицæн уынгтæм

ЦХИНВАЛ, 3 авг– Sputnik, Дриаты Лейла. Цхинвалы районы Къостайы хъӕуы æввахс рæстæджы сифтонг кæндзысты нуазыны донæй, фехъусын кодтой Sputnik районы Цæрæнуатон-Коммуналон хæдзарады пресс-службæйы.

Квайсайы модернизацигонд ӕрцыд донифтонгады хахх - Sputnik Хуссар Ирыстон
Квайсайы модернизацигонд ӕрцыд донифтонгады хахх

Республикæйы æмбæлон органтæ фæстаг рæстæджы стыр хъусдард здахынц хъæууон цæрджыты нуазыны донæй сифтонг кæнынмæ. Фæлæ уæддæр нырма уыцы фарст кæронмæ скъуыддзаг не рцыд æндæр æмæ æндæр аххосæгтæм гæсгæ.

Доны хахх Къостайы хъæумæ уадзынц Тихреуæй. Райдианы уал фæлтæрд механизатор Плиты Маир йæ техникæйы фæрцы цыбыр æмгъуыдмæ айгæрста къанау 1400 метры дæрддзæгæн, стæй дзы нывæрдтой доны хæтæл.

"Куыстытæ кæронмæ сæххæст кæнынæн ма хъæуы нымад бонтæ, стæй дон иумæйаг резервуарæй хæццæ кæндзæн хицæн уынгтæм. Уæд фæхуыздæр уыдзæн цæрджыты нуазыны донæй ифтонг кæныны хъуыддаг дæр", - зæгъы Маир.

Дон иумæйаг резервуармæ цæудзæн моторы фæрцы, уыцы бынаты ма хъуамæ æвæрд æрцæуа электрон рухсы трансформатор дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0