Хуссар Иры хицауад хыгъдлӕвӕрд радта ӕххуысхъуаг адӕмӕн баххуыс кӕныны фӕдыл

© Sputnik / Илья Питалев /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры хицауад хыгъдлӕвӕрд радта ӕххуысхъуаг адӕмӕн баххуыс кӕныны фӕдыл
Хуссар Иры хицауад хыгъдлӕвӕрд радта ӕххуысхъуаг адӕмӕн баххуыс кӕныны фӕдыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Материалон адресон ӕххуыс райстой республикӕйы 129 ӕмбӕстаджы, кӕцытӕ бахаудтой уӕззау цардуагон уавӕрты

ЦХИНВАЛ, 5 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны социалон службӕ ивгъуыд мӕй адресон ӕххуыс бакодта 1 430 000 сомы бӕрц. Уый тыххӕй хъусын кӕны республикӕйы хицауады пресс-службӕ.

Хуссар Иры сидзæр рауагъдонтæ райстой финансон æххуыс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры сидзæр рауагъдонтæ райстой финансон æххуыс

Материалон ӕххуыс райстой 129 ӕмбӕстаджы, кӕцыты хсӕн ис I ӕмӕ II къорды 13  инвалиды (145 мин сомы); 18 сабийы бонтӕй инвалиды (185 мин сомы); 66 бирӕсывӕллонджын бинонтӕ (765 мин сомы); фондз амӕттаджы бинонтӕ (50 мин сомы); 18 иунӕгӕй цӕрӕг ӕмбӕстаджы (185 мин сомы) ӕмӕ ӕхсӕз сидзӕры (60 мин сомы);

Афтӕ ма республикӕйы иу цӕрӕг та райста материалон ӕххуыс йӕ лӕмӕгъ ӕнӕниздзинады тыххӕй (10 мин сомы). Дыууӕ ӕмбӕстагӕн, кӕцытӕ бахаудтой уӕззау цардуагон уавӕрты, рахицӕн кодтой 30 000 сомы.

Адресон ӕххуыс республикӕйы цӕрджытӕн дӕттынц хицауады уынаффӕ "Адресон социалон ӕххуысы фӕдыл"-мӕ гӕсгӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0