Пенси, таможнӕ, арӕн: Бибылты Анатолий банысан кодта цалдӕр проблемӕйы ӕмӕ сӕ скъуыддзӕгтӕ

© Sputnik / Natalia Airiyan Бибылты Анатолий
Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы уавӕрыл ӕрдзырдтой коронавирусимӕ тох кӕныны фӕдыл оперативон штабы рабадтыл, кӕцы цыд паддзахады сӕргълӕууӕджы къухдариуӕгады бын

ЦХИНВАЛ, 10 авг – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий къуырисӕры ауагъта коронавирусы ныхмӕ тох кӕныны фӕдыл оперативон штабы рабадт. Паддзахады сӕргълӕууӕг банысан кодта цалдӕр проблемӕйы, кӕцытыл сӕмбӕлдысты республикӕйы цӕрджытӕ пандемийы рӕстӕджы, ӕмӕ фидарӕй загъта, уыдон иууылдӕр кӕй аскъуыддзаг кӕндзысты.

Уӕрӕсеимӕ арӕны уылты ахизыныл тобӕйы тыххӕй кӕцыдӕр ӕмбӕстӕгтӕн фӕзынд проблемӕ пенситӕ райсынимӕ. Афтӕ ма, фӕстаг рӕстӕджы уӕзласӕн хӕдтулгӕты бирӕ рӕстӕг фӕдарынц арӕныл, столицӕйы дуканиты ис кӕцыдӕр базайрӕгты цухдзинад.

"Президенты администрацийы пенситы фарстыл архайы администрацийы сӕрдары хӕдивӕг Джуссойты Алан. Ацы фарсты фӕдыл хъӕуы уымӕ бадзурын. Мах алцыдӕр сараздзыстӕм, цӕмӕй нӕ пенсиисджытӕ райсой сӕ пенситӕ. Ныридӕгӕн райстой мадзӕлттӕ, цӕмӕй цалдӕр пенсиисӕгӕн аскъуыддзаг кӕной сӕ проблемӕ", - загъта президент.

Бибылты Анатолий банысан кодта, республикӕйы къухдариуӕгад алцыдӕр кӕй аразы, цӕмӕй ӕмбӕстӕгтӕ ӕрыздӕхой сӕ хӕдзӕрттӕм, цӕрджытӕ цӕрой ӕдас уавӕрты, ӕмӕ республикӕйы та уа фаг базайрӕгтӕ.

Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры президент фехъусын кодта Инвестпрограммӕйы фӕдыл сӕйраг ориентир

Президент банысан кодта, зӕгъгӕ, коронавирусы пандемийы фӕдыл арӕнӕвӕрдтӕ кӕй бакодтой адӕмы ӕдасдзинад сӕххӕст кӕныны тыххӕй. Паддзахады сӕргълӕууӕг бахахх кодта, кӕй не мбары цӕрджыты хайы ӕнӕразыдзинад, ӕмӕ банысан кодта, республикӕйы ӕмбӕстӕгтӕ иууылдӕр кӕй сты ӕмхуызон уавӕрты. Бибылты Анатолий ӕрсидт, цӕмӕй цӕрджытӕ ӕмбарӕн ахаст дарой ацы мадзӕлттӕм.

Бибылты Анатолий фехъусын кодта, уый, ӕмӕ йӕ бинонтӕ кӕй уыдзысты ахӕм уавӕрты, кӕцыты сты Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгтӕ.

"Дам-думтӕ цӕуынц, ома кӕцыдӕр организациты кусджытӕ сӕрибарӕй хизынц арӕны сӕртыл. Ахӕм цаутӕ уыд, ӕмӕ уыцы организациты разамонджытимӕ ныр куыст цӕуы", - радзырдта президент.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, арӕнӕвӕрдон мадзӕлттӕ никӕмӕн ӕрхастой дивидендтӕ.

"Мах бирӕ фесӕфтам кӕцыдӕр проектты реализацийы, цалцӕггӕнӕн ӕмӕ арӕзтадон куыстыты рӕстӕджы. Фӕлӕ, сӕйраджыдӕр, хъӕуы бахъахъхъӕнын цӕрджыты ӕнӕниздзинад, цӕмӕй коронавирус ма рахиза уынгтӕм", - бафтыдта Бибылты Анатолий.

Прзеидент баныфсӕвӕрдта, республикӕйы ӕмбӕстӕгты фылдӕр хай ӕмбарӕн ахаст кӕй дарынц арӕнӕвӕрдон мадзӕлттӕм.

Хуссар Ирыстоны дарддӕр ис ӕнӕмӕнг карантин ӕрцӕуӕггӕгтӕн. Изоляцийӕ ссӕрибар кодтой коронавирусӕй уый размӕ чи фӕрынчын, уыдоны. Уый тыххӕй уыдон хъуамӕ радтой анализтӕ Цӕгат Ирыстоны ӕмӕ бавдисой уый фӕдыл справкӕтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0