Цхинвалы фӕуд кӕны Хуссар Иры зынгхуыст хъайтартӕн мемориалы арӕзтад

© Пресс-служба МО РЮОЦхинвалы фӕуд кӕны Хуссар Иры зынгхуыст хъайтартӕн мемориалы арӕзтад
Цхинвалы фӕуд кӕны Хуссар Иры зынгхуыст хъайтартӕн мемориалы арӕзтад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Арӕзтады рӕстӕджы Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министр Гассеты Ибрагимы барамындӕй проектмӕ бахастой ивындзинӕдтӕ – уый ссис егъаудӕр

ЦХИНВАЛ, 14 авг – Sputnik, Чехойты Инга. Хуссар Ирыстоны зынгхуыст хъайтартӕн Мемориалон комплексы арӕзтады фӕдыл куыстыты фылдӕр хай сӕххӕст кодтой.

© Пресс-служба МО РЮОЦхинвалы фӕуд кӕны Хуссар Иры зынгхуыст хъайтартӕн мемориалы арӕзтад
Цхинвалы фӕуд кӕны Хуссар Иры зынгхуыст хъайтартӕн мемориалы арӕзтад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы фӕуд кӕны Хуссар Иры зынгхуыст хъайтартӕн мемориалы арӕзтад

Ныртӕккӕ фӕуд кӕны постаменты композицийы централон объекты облицовкӕ, цы ран сӕвӕрдзысты хъамаимӕ хӕстоны ӕртӕметрон фигурӕ, кӕцы йӕ сӕр ӕркъул кодта зынгхуыст хъайтарты мысӕнӕн. Плитӕтыл та ныффысдзысты ӕфсӕддонты нӕмттӕ, кӕцытӕ амардысты сӕ Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнгӕйӕ. Афтӕ ма дзы уыдзӕн Уастырджийы сурӕт дӕр.

Цхинвалы ӕртӕ уынгыл фесты дӕлзӕххон коммуникацитӕ ивыны куыстытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы ӕртӕ уынгыл фесты дӕлзӕххон коммуникацитӕ ивыны куыстытӕ

Скульптурон композийы автор у Хуссар Ирыстоны сгуыхт нывгӕнӕг Зассеты Сӕрмӕт.

Мемориалы структурӕйы сӕвӕрдзысты республикӕйы хъахъхъӕнынады фыццаг министр Хуыбылты Валерий ӕмӕ РХИ Гарзджын тыхты фыццаг командӕгӕнӕг Джиоты Аланы бюсттӕ. Уыдон сараздзӕн Хуссар Ирыстоны сгуыхт нывгӕнӕг Хуыбиаты Роберт.

Афтӕ ма ӕххӕст цӕуы комплексы территорийы хӕрзарӕзтад.

© МО РЮОЦхинвалы фӕуд кӕны Хуссар Иры зынгхуыст хъайтартӕн мемориалы арӕзтад
Цхинвалы фӕуд кӕны Хуссар Иры зынгхуыст хъайтартӕн мемориалы арӕзтад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы фӕуд кӕны Хуссар Иры зынгхуыст хъайтартӕн мемориалы арӕзтад

Мемориалон комплексы баконд нывӕндынц ауадзын ацы аз 20 сентябры Республикӕ Хуссар Ирыстоны 30 азы юбилейы бӕрӕгбоны рӕстӕджы.

Знон зынгхуыст хъайтартӕн мемориалы арӕзтад бабӕрӕг кодта республикӕйы президент Бибылты Анатолий. Уый банысан колдта, ацы комплексы арӕзтад ахсджиаг кӕй у, цӕмӕй адӕмы хъуыдыйы баззайой Хуссар Ирыстоны историйы нырыккон цаутӕ, афтӕ ӕфсӕддонты ӕфсӕддон-патриотикон хъомыладӕн дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0