Хуссар Иры кусынц канадæйаг ахуыргонд Ричард Фольцæн æмбæстагад раттыны фарстыл

© Sputnik / Анна Кабисова Ричард Фольц
 Ричард Фольц - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Канадæйаг профессор Ричард Фольц æрцыд Ирыстонмæ, цæмæй ныффысса чиныг ирæтты тыххæй. Уый ракуырдта дзæуджыхъæуккаг чыгз Хъиргъуаты Фатимæйы æмæ йæ фæндыд цыдæр рæстæг ацæрын йæ цардæмбалы фыдыбæстæйы. Фæлæ Цæгат Иры ахуыргондæн нæ радтой рæстæгмæ цæрыны бар

ЦХИНВАЛ, 14 авг – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад бакусдзæн канадæйаг ахуыргонд-иранист, профессор Ричард Фольцæн бæстæйы æмбæстагад раттыны фарстыл, фехъусын кодта президенты пресс-секретарь Гасситы Дина.

Ирыстоны истори иртасæгæн нæ радтой рæстæгмæ цæрыны бар Цæгат Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирыстоны истори иртасæгæн нæ радтой рæстæгмæ цæрыны бар Дзӕуджыхъӕуы

Ирыстоны цæрджытæ фæстаг цалдæр къуырийы сæ хъус дарынц зынгæ канадæйаг ахуыргонды хъысмæтмæ. Профессор Ричард Фольц æрцыд Ирыстонмæ, цæмæй ныффысса чиныг ирæтты тыххæй. Уый ракуырдта дзæуджыхъæуккаг чыгз Хъиргъуаты Фатимæйы æмæ йæ фæндыд цыдæр рæстæг ацæрын йæ цардæмбалы фыдыбæстæйы. Фæлæ Цæгат Иры ахуыргондæн нæ радтой рæстæгмæ цæрыны бар. Уыцы хабæртты тыххæй адæм базыдтой, Фатимæ сæ Facebook йæ фарсыл кæй ныффыста, уый фæрцы.

"Ахæм куырдиат æцæгæй дæр æрбацыд президенты номыл. Ууыл кусынц æмбæлон органтæ. Ис бæлвырд процедурæ æмæ уый хъуамæ æрцæуа æххæст", - загъта Гасситы Дина.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, хъуыддаг æвæрццагæй куы аскъуыддзаг уа, уæд ахуыргонды бахъæудзæн Хуссар Ирыстонмæ æрцæуын.

Цæгат Иры ахуыргондæн рæстæгмæ цæрыны бар кæй нæ радтой, уый тыххæй бинонты бахъуыд ацæуын республикæйæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0