Уӕрӕсейаг дохтыртӕ баххуыс кӕндзысты сӕ коллегӕтӕн Цхинвалы COVID-19-ы ныхмӕ тохы

© Sputnik / Natalia Airiyan Цхинвалы рынчындон
Цхинвалы рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсе систой тобӕ арӕны сӕрты хизыныл дыццӕджы, 15 сентябры. Уый фӕдыл фӕфылдӕр коронавирусон инфекцийы апарахаты тас республикӕйы

ЦХИНВАЛ, 18 сен — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Уӕрӕсейаг специалисттӕ ӕрцӕудзысты Цхинвалмӕ, цӕмӕй саргъ кӕной коронавирусимӕ уавӕрӕн республикӕйы, афтӕ ма сорганизаци кӕной низы апарахаты профилактикӕ ӕмӕ куы бахъӕуа, уӕд медицинон ӕххуыс бакӕной. Уый тыххӕй Sputnik радзырдта Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад ӕмӕ социалон райрӕзты министрады пресс-секретарь Битеты Ирина.

Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фондз мæйы æхгæд æмбæрзæны: куыд аиуварс кодта Хуссар Ир йæхи COVID-19-æй

Фӕндагон бастдзинад Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн скуыста хуымӕтӕг режимы 15 сентябрӕй, уый размӕ уыд арӕнӕвӕрдтӕ, сӕ нымӕцы ӕнӕмӕнг дыууӕкъуырион карантин республикӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕн.

Уӕрӕсеимӕ арӕны баконды фӕдыл Югосетпотребнадзор фӕтыхджындӕр кодта профилактикон мадзӕлттӕ республикӕйы, медицинон уагдӕттӕ та рахызтысты рынчынты райсынмӕ цӕттӕдзинады режиммӕ.

"Хуссар Ирыстонмӕ ӕрцӕудзысты ӕртӕ специалисты Цӕгат Ирыстонӕй, цӕмӕй равдисой сӕ фӕлтӕрддзинад бынӕттон дохтыртӕн. Уыдон куыстой пандемийы рӕстӕджы ӕмӕ бацӕттӕ кодтой пациенттӕн хоскӕнынады алгоритмтӕ", - загъта Битеты Ирина.

Уӕрӕсейаг медиктӕ ӕрцӕудзысты республикӕмӕ майрӕмбоны, 18 сентябры.

Уӕрӕсеимӕ арӕны уылты хизыныл тобӕ сӕвӕрдтой 13 апрелы ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ цалдӕр хатт адарддӕр кодтой – фӕстаг хатт августы кӕронмӕ. Республикӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕн уыд ӕнӕмӕнг дыууӕкъуырион карантин. Фӕстӕдӕр изоляцийӕ ссӕрибар кодтой коронавирусӕй уый размӕ чи фӕрынчын, уыдоны. Уый тыххӕй уыдон хъуамӕ радтой анализтӕ Цӕгат Ирыстоны ӕмӕ бавдисой уый фӕдыл справкӕтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0