Фондз мæйы æхгæд æмбæрзæны: куыд аиуварс кодта Хуссар Ир йæхи COVID-19-æй

© Sputnik / Natalia AiriyanТранскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
161 боны бӕрц Хуссар Ир цард æндæр уавæрты – республикæйы цæрджытæн Уæрæсемæ ацæуыны фадæттæ фæкъуындæг сты, пандемийы рæстæг ивта царды фæтк æмæ æргътæ

ЦХИНВАЛ, 16 сен – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ир фондз мæйæ фылдæр цард æхгæд арæнты, ацы æмгъуыд нæ республикæйæ Уæрæсемæ ацыд 1600 адӕймаджы, фæстæмæ йæ райгуырæн бæстæмæ æрыздæхт 13 апрелӕй 31 августмӕ 1500 адӕймаджы.

Sputnik æрæмбырд кодта фондз мæйы дæргъы Хуссар Ир куыд цард COVID-19-ы пандемийы тыххæй æхгæд арæнты, уый фæдыл æрмæг.

Пандемийы æндæвдад

Нагутни - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Ныфс" денджызы бæсты: пандемийы рæстæджы фæфылдæр сты бынæттон курорты улæфджытæ

Дунейы коронавирусы пандемийы ӕндӕвдад Хуссар Ирыстон рахатыд ацы аз марты мӕйы. Уӕд ахуырады министрад аскъуыддзаг кодта бакӕнын ӕппӕт ахуырадон уагдӕтты карантин. Ахуырады системӕ архайдтой сцайдагъ кӕнын дистанцион формат. 5-æм апрелӕй коронавирусы апарахаты тасӕй Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы ʻхсӕн арӕныл ӕнӕ сӕрмагонд барамындӕй ацӕуӕн нал уыд.

Рахицæн æрцыд аст категори, кæцытæн бар уыд цæуын, сæ нымæцы æфсæдонтæ, дипломатон мисситы кусджытæ æмæ æндæр категоритæ. Фæстæдæр арæн ноджы фæкарздæр ис.

161 боны бӕрц Хуссар Ир цард æндæр уавæрты – Хуссар Ирыстоны цæрджытæн Уæрæсемæ ацæуыны фадæттæ фæкъуындæг сты. Марты кæронæй республикæйы цадæггай райдыдта ивын цард - тобæтæ фæзынд массон мадзæлттæ ауадзыныл, ахуырад цадæггай цыд дистанцион форматмæ, фæивта куыстуæтты график, республикæйы фæзынд кæцыдæр медикаментты цухдзинад, дуканиты æргътæ ивтой.

COVID-19-æй рынчынтæ

Карантины рæстæг райгуырæн бæстæмæ чи здæхт, уыдон хсæн разынд коронавирусæй рынчынтæ. Вирус – иу фæбæрæг ис Уæрæсейы ахуыргæнæндæтты бынæттон цы фæсивæд ахуыр кодтой, уыдон хсæн. Рынчынтæ иууылдæр уыдысты карантины. Фыццаг рынчыны республикæйы сбæлвырд кодтой 6 майы, кæцы Хуссар Ирмæ æрцыд 30 апрелы.

"Карантины рæстæг Ӕнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад Уæрæсейы рынчындæттæм арвыста 165 адæймаджы. Ацы æмгъуыд тестты руаджы сбæрæг кодтой 90 рынчыны коронавирусæй, уыдон иууылдæр низ хастой рог формæйы", - загътой Sputnik Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады пресс-службæйы.

Пандемийы рӕстӕгыл арӕны сӕртыл адӕмы змӕлд куыд цыд, уыдоныл афӕлгӕст сарӕзта Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрад.

"Иумӕйагӕй сисгӕйӕ 13 апрелӕй 31 августмӕ РХИ ФХМ хаххыл Хуссар Ирыстонмӕ ӕрцыд 939 адӕймаджы, Уӕрӕсемӕ ацыд 1600 адӕймаджы", - дзырдæуы сæ хъусинаджы.

Уымӕй дарддӕр ма Хуссар Ирыстонмӕ цыдысты ӕндӕр министрады уылтыл. Бæстон схемæ та у ахæм:

  • Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады уылты -165
  • Мидхъуыддӕгты министрады хаххыл - 74
  • Хъахъхъӕнынады министрады хаххыл - 219
  • Уӕлвӕткон уавӕрты министрады хаххыл - 6
  • Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты хаххыл- 39
  • Паддзахады хьахъхъӕды службӕ – 3

Имӕйагӕй ӕппӕт уагдӕттӕ уылты 13 апрелӕй 31 августмӕ Хуссар Ирыстонмӕ ӕрцыд 1500 адӕймаджы.

УФ минӕварад - Sputnik Хуссар Ирыстон
УФ минӕварад Хуссар Иры фӕтыхджындӕр кодта мадзӕлттӕ коронавирусы ныхмӕ

Карантины зонæтæ

Апрелы мæйы Хуссар Ирыстонмæ æрцæуæггæгтæ цыдысты æнæмæнг карантины уылты. Хуссар Иры фыдæр кодтой ахæм зонæтæ, рынчындоны цалдæр этажы фæстæ карантинон зонæ сарæзтой Гуырæн хæдзары зæронд бæстыхай, Дзау æмæ Знауры рынчындæттæ, Уазæгдон "Алан"-ы. Югосетпотребнадзор æрцæуæггæгтæн арæзта тесттæ, æдæппæтæй сæ нымæц уыд 5173.

Коронавирусы апарахаты ныхмæ тохы оперативон штабы 28 июля аскъуыддзаг кодтой фыццæгæм августæй æнæ карантинæй æрцæуыны фадат раттын тæссаг вирусæй чи фæрынчын ис, уыдонæн.

15 сентябрæй Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы хсæн арæныл фæндагон змæлд ацыд хуымæтæг режимы.

Ног хабӕртты лентӕ
0