Парламент радон хатт не ‘ркаст Хуссар Иры премьеры кандидатурӕмӕ

© Sputnik / Natalia AiriyanРХИ парламент
РХИ парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕртыццӕджы фӕуд кӕны закондӕттӕг органы ӕркасты ӕмгъуыд президенты æнхърæнмæ Хуссар Ирыстоны хицауады сӕрдар снысан кӕнынӕн. Профилон комитеты рабадт нӕ ацыд ӕртыккаг хатт

ЦХИНВАЛ, 23 сен - Sputnik. Кворум кӕй нӕ ӕрымбырд, уый тыххӕй нӕ ацыд парламенты законад ӕмӕ бынӕттон хӕдразамынады комитеты рабадт, кӕцыйы рӕстӕджы хъуамӕ ӕркастаиккой Бекъойты Геннадийы кандидатурӕмӕ бӕстӕйы премьер-министры бынатмӕ. Уый тыххӕй хъусын кӕны парламенты пресс-службӕ.

Парламент   - Sputnik Хуссар Ирыстон
Спикер: депутатты архайд у закондӕттӕг органы куысты ӕргом саботаж

16 сентябры президент Бибылты Анатолий парламенты ӕркастмӕ бавдыста Бекъойты Геннадийы кандидатурӕ премьер-министры бынатмӕ. Конституцимӕ гӕсгӕ, фарстмæ сессийы агъоммӕ ӕркӕсынц комитет æмæ президиумы. Закондӕттӕг органӕн уыд иу къуыри хицауады сӕрдары кандидатурӕмӕ ӕркӕсынмӕ, ӕмгъуыд фӕуд кӕны ӕртыццӕджы. Уый размӕ комитеты дыууӕ рабадты дӕр нӕ ацыдысты кворум кӕй нӕ ӕрӕмбырд, уый тыххӕй.

"Нӕ комитеты уӕнгтӕ – депутаттӕ Гаглойты Алан ӕмӕ Диакъонты Амиран – не ‘рбацыдысты рабадтмӕ. Уыдон ӕртыккаг хатт нӕ исынц хайад комитеты рабадты, уый фӕдыл ӕй нӕй фадат ауадзын ацы фарстмӕ ӕркӕсыны тыххӕй. Абон ӕз ныффысдзӕн службӕйон фыстӕг парламенты сӕрдармӕ ацы фарсты фӕдыл, цы ран ӕз фехъусын кӕндзӕн, депутаттӕ ӕртыккаг хатт кӕй нӕ ӕрбацыдысты комитеты рабадтмӕ, ӕмӕ уый фӕдыл нӕ фадат ауадзын рабадт ацы фарсты фӕдыл", - банысан кодта комитеты сӕрдар Габатты Алан.

Президенты минӕвар парламенты Куымӕридтаты Анна фехъусын кодта президенты номӕй, депутаттӕ парламенты куысты хайад кӕй нӕ исынц, уымӕн нӕй барадон бындур.

РХИ парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Парти "Иугонд Ирыстон"-ы депутат фехъусын кодта фракцийӕ рахизыны тыххӕй

Парламенты спикер Тадтаты Алан схуыдта депутатты позици закондӕттӕг органы куысты ӕргом саботаж.

Раздӕры хицауад ацыд отставкӕйы Цхинвалы митингты фӕстӕ. Столицӕйы адӕм се 'неразыдзинад равдыстой Цхинвалы цӕрӕг Дзабиты Иналы мӕлӕты фӕстӕ, кӕцы амард Мидхъуыддӕгты министрады криминалон милицийы рӕстӕгмӕ дарӕн изоляторы нады фæстиуæгæн.

Уый фæстæ митингты адӕм домдтой МХМ хистӕр ӕмӕ Генералон прокуроры отставкӕтӕ. 16 сентябры президент йӕ пресс-конференцийы комкоммӕ эфиры фехъусын кодта йӕ дзуапп депутаттӕн, генералон прокуроры йӕ бынатӕй ссӕрибар кӕнынӕн кӕй нӕй бындур. Уымӕй размӕ закондӕттӕг органты депутатты ӕмбис сӕ куыст ӕххӕст кӕныныл нал саразы сты, цалынмӕ президент сӕххӕст кӕна сӕ домӕн.

18 сентябры парламентон фракци "Иугонд Ирыстон"-ы скондæй йæ рахызты тыххæй фехъусын кодта депутат Мулдарты Гарри, уымæй уый равдыста йе ʻнæразыдзинад депутатты фылдæр хайы домæн æххæст кæй не ʻрцыд, уый тыххæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0