Маскӕты режим ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уӕззау рынчынтӕ: куыд кусы ныр Цхинвалы медцентр

© Sputnik / Natalia Airiyan Цхинвалы рынчындон
Цхинвалы рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы медицинон уагдӕттӕ бакодтой профилактикӕйы ӕмӕ арӕнӕвӕрдон мадзӕлттӕ, цӕмӕй ма руадзой коронавирусон инфекцийы апарахат

ЦХИНВАЛ, 6 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны республикон бирӕпрофилон медицинон центры (РБМЦ) территорийыл бакондӕуыд маскӕты режим, загъта Sputnik республикон рынчындоны сӕйраг дохтыр Быценты Индира.

"Маскӕты режим бакондӕуыд ӕрмӕст медперсоналӕн нӕ, фӕлӕ ӕмбӕстӕгтӕн дӕр, кӕцытӕ бахизынц медцентры территоримӕ", - банысан кодта уый.

Сӕйраг дохтыр ма бафтыдта, абоны бон инфекцион хайады боксты кӕй ис коронавирусӕй фондз рынчыны.

Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры рабæрæг кодтой ног рынчынты коронавирусæй

Медцентры иннӕ хайӕдтыл дзургӕйӕ та Быценты Индира банысан кодта, уым гӕй бакӕндзысты арӕнӕвӕрдтӕ нывӕзтон госпитализацийӕн, уыдонимӕ хирургион рынчынтӕн дӕр. Алкӕцы хайады дӕр исдзысты ӕрмӕстдӕр экстренон рынчынты.

Уымæй размæ, æнæниздзинад хъахъхъæнынады министры хæдивæг Цоциты Алла фехъусын кодта, сывæллæтты рынчындон кæй цæттæ кæнынц коронавирусы апарахатмæ. Медуагдонæн йæ бон уыдзæн райсын 100 рынчыны.

Ног хабӕртты лентӕ
0